филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:02 суббота, 20 апреля 2024
05 января 2020, 12:30
Хъалмыхъы æппæтуæрæсеон турниры армхæстæй нæ республикæйы командæ разынд хуыздæр

47 спортсменæй алыхуызон майдантæ рамбылдтой 18-æй

Хъалмыхъы æппæтуæрæсеон турниры армхæстæй нæ республикæйы командæ разынд хуыздæр. 47 спортсменæй алыхуызон майдантæ рамбылдтой 18-æй. Уый размæ дæр нæ командæ 3 азы фæд-фæдыл уыд ацы турниры уæлахиздзау æмæ сæрмагонд фæткмæ гæсгæ, нæ республикæмæ сластой Кубок, уый ныр æппынæдзух уыдзæн ам. Кæд ма иннæ азты дæр 2 хатты командæ разына тыхджындæр, уæд та ногæй Кубок æрбынат кæндзæн Цæгат Ирытоны.

Кæд чемпион дæ, уæддæр тренировкæ боны фæткмæ гæсгæ. Цæхилты Грефæн Æппæтуæрæсейон турнир Хъалмыхъы «Хæлардзинады кубок» у йæ фыццаг егъау спортивон цау. Лæппу къуххæстæй тренировкæтæ кæны афæдз, фæлæ дзы æвдисы æнтыстдзинад. Фæндыйæ Европæйы чемпионатмæ бахауын. Æппæтуæрæсейон турниры Греф хæцыд сæрмагонд категорийы, цæуы йыл æрмæстдæр 18 азы, æмæ фæтых бирæ зындгонд спорсментыл.

Гуацæлты Никæ тренировкæтæ кæны зындгонд тренер Золойты Мæирбегимæ. Спортмæ йæ æрбакодта йæ мад æмæ дзы ныр архайы 6 азы. Хъалмыхъы цы турнир уыд, уым та бахъахъхъæдта спорты мастеры норматив, стæй сласта майдан.

Дудиаты Дианæ армхæсты спортмæ æрбацыд скъолайы фæстæ. Цалдæр хатты йæ фæндыд ацæуын. Абон йæхæдæг тренировкæтæ кæны Алагиры æрыгон спортсментæн. Элистайы Дианæ бацахста 1-аг бынат.

Ацы залмæ сывæллæттæ цæуынц 12 азæй. сæ фылдæр тырнынц спортивон æнтыстдзинæдтæм. Хъалмыхъмæ Джиоты хетæг аласта 5 спортсмены. Дыууæйæ дзы рамбылдтой сызгъæрин майдантæ.

Æдæппæтæй Элистамæ ацыд 47 ирыстойнаг спорсмены, уыдон сластой 18 майданы. Сæ æнтыстдзинæдтæм гæсгæ нæ командæ разынд хуыздæр æмæ рамбылдтой сæйщраг приз «Хæлардзинады кубок».

Ахæм сгуыхтдзинад цæгатирыстойнаг армхæсты спортсментæн фыццаг нæу, фæлæ ацы хатт ерыстæм аластой æрыгæтты. Турниры фæткмæ гæсгæ та 3 хатты фæд-фæдыл цы командæ рамбулы, уый кубон аласы йæ регионмæ æмæ уым баззайы. Иу ахæм кубок ныронг æрбынат кодта нæ республикæйы, ныр та фадат ис дыккаг Кубок дæр рамбулыныл. Уый тыххæй та хъæуы иннæ дыууæ турниры дæр рамбулын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania