филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:22 суббота, 20 апреля 2024
26 августа 2020, 13:13
Хетæгкаты Хъазыбеджы ном йе сфæлдыстады руаджы цыбыр рæстæгмæ хаст æрцыд ирон аивады хæзнадонмæ

Ивгъуыд æнусы 70-йæм азтæ банымайæн ис Ирыстоны сызгъæрин дугыл

Ивгъуыд æнусы 70-йæм азтæ банымайæн ис Ирыстоны сызгъæрин дугыл. Уый уыдис ахæм рæстæг, Ирон аивад Уæрæсейы культурæйы тыгъдады аивæй бæрæг куы дардта. Уыцы азты бирæ Ирыстойнаг композиторты, нывгæнджыты  нæмттæ систы зындгонд æмæ хъуыстгонд. Уыдонимæ Хетæгкаты Хъазыбеджы ном дæр.  Йæ цардыл афæлгæст Хæуытаты Зитæ.

Хетæгкаты Хъазыбеджы ном йе сфæлдыстады руаджы  цыбыр рæстæгмæ  хаст æрцыд ирон аивады хæзнадонмæ. Фæлæ йæм цы бæркадджын хунтимæ бацыд, уыдон курдиатджын лæппуйæн иуæй æнцонтæй йæ къуыхы бафтыдысты, иннæмæй та сæ йæ хъазуатон фæллойæ æрæмбырд кодта. Къостайы хъæуыккаг лæппуйæн аивадмæ фæндаг кæд уардитæй тыд уыд, уæддæр æй бахъуыд сындзытыл ацæуын.

Куыд мингай советон лæппутæ, афтмæ Хъазыбег дæр скъолайы фæстæ æрлæууыд фсады рæнхъыты. Уый фæста та завод «Электроцинк».

Фæлæ фæллойуарзаг лæппуйы бæллиц уыд аивад. Уарзта зарын æмæ йын хъæлæс дæр уыд. Ацыд Ленинграды консерваторимæ ахуыр кæнынмæ æмæ йæ райгуырæн уæзæгмæ сыздæхт нывгæнæгæй. Каст фæцис Ленинграды И. Е.Репины номыл нывгæныны, скульптурæ æмæ архитектурæйы  институт. Уыди зындгонд нывгæнæг Ю. М. Непринцевы раззагдæр студенты æмрæнхъ.

1971 азы йæ фыццаг нывтæй иуæй дæр  – «С. М. Киров с горцами» йæхимæ æркæсын кодта аивавадон  критикты.

1973 азы сси Советон Цæдисы  нывгæнджыты Цæдисы уæнг. Уыцы  рæстæг йæ  нтысджын архайд æрмæст  алы  Уæрæсейæг нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг   равдыстыты ирдæй зынд. Æнæбафиппайгæ нæ баззад хицауадæй æмæ йын 1981 азы саккаг кодтой ЦИ сгуыхт нывгæнæджы ном. Йæ æрдзон курдиаты руаджы Хъазыбег æнтысджынæй куыста нывкæнынады аивады алы жанрты дæр:  бирæвæрсыг тематикон композицитæ, портреттæ, æрдзы нывтæ, натюрморттæ. Йæ  хуымæтæгдзинад, йæ хъæздыг миддуне, йæ парахат зæрдæйы уаг æй кодтой адæммæ  хæстæгдæр æмæ уарзондæр.

Йæ бирæ хæлæрртæ æмæ ма йемæ царды канд иу хатт чи фембæлд, уыдоны зæрдæты Хъазыбег ныууагъта рухс фæд. Уыдис фæлмæн, цæстуарзон хистæр æмæ ахуыргæнæг:

Йæ ном æмæ йын йæ фарн абон дарддæр хæссынц йæ кæстæртæ.

Хъазыбеджы фæзынд куыд аивады, афтæ царды дæр, уыдис стъалыйы ферттывдау. Кæцы абон дæр ирдæй рухс кæны йæ хæлæртты, бинонты æмæ кæстæрты фæндаг. Йæ ном  та æнустæм  цæрдзæн канд йæхиуæтты зæрдæты нæ, фæлæ  йæ нывты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania