филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:54 среда, 24 апреля 2024
30 июня 2020, 17:03
Хицауады хæдзары уыд Битарты Вячеславы æмæ сæрдар Къесаты Станиславы фембæлд

Æрдзырдтой адæмы хæдбардзинад æмæ конституцион бартæ бахъахъхъæныны фарстатыл

Хицауады хæдзары уыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы æмæ республикæйы конституцион тæрхондоны сæрдар Къесаты Станиславы фембæлд. Æрдзырдтой адæмы хæдбардзинад æмæ конституцион бартæ бахъахъхъæныны фарстатыл.  Ныхас цыд хъæлæс кæныны фæткыл дæр.

Райдыдта 25-æм июны æмæ сæрмагонд бон уыдзæн райсом, 1-æм июлы. Республикæйы сæргълæууæг фæбæрæг кодта, цæмæй нæ бæстæ нымад  уа егъау æмæ хæдбар паддзахадыл, уый тыххæй фæстаг 20 азы стыр куыст  цыд.  Ныртæккæ та æвзарджыты  хъæлæстæй  байгом кæндзыстæм Уæрæсейы азфысты ног сыф. Конститутцимæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд, уыдонæн сæ фылдæр баст сты социалон-экономикон райрæзтимæ, цæмæй адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæной. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй алы адæймагæн дæр абон ис хорз фадат, цæмæй йæ хъæлæсæй сбæрæг кæна нæ бæстæйы фидæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania