филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:06 четверг, 28 марта 2024
10 декабря 2019, 17:25
Хоккейон командæ «Алайнаг стайтæ» равдыстой радон æнтыстдзинад

Ацы хатт Стъараполæй Ирыстонмæ сласта радон Кубок. Уым сæрмагонд турниры æвзонг спортсментæ фæуæлахиз сты цалдæр хатты

Хоккейон командæ «Алайнаг стайтæ» равдыстой радон æнтыстдзинад. Ацы хатт Стъараполæй Ирыстонмæ сласта радон Кубок. Уым сæрмагонд турниры æвзонг спортсментæ фæуæлахиз сты цалдæр хатты. Сæ ныхмæлæуджытæй Волгоградæй, Липецкæй, Буденновскæй æмæ Стъараполæй разындысты тыхджындæр. Фæлæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц.

Зын тактикон нывтæ, арæхстджын архайд, сæрæн хъазт. Размæбырсæг Олег Аксенов къахдзоныгътыл слæууыд, æртæ азы йыл куы сæххæст, уæд. Хоккейон клюшкæ та раст цыма æппынæдзухдæр йæ къухы вæййы, афтæ. Ныридæгæн командæйæн ис бирæ спортивон æнтыстдзинæдтæ. Фæуæлахиз сты алыхуызон турнирты æмæ ерысты. Разæй та сæм æнхъæлмæ кæсы сæ сæйрагдæр бæллиц – профессионалон хоккеисттæ суæвын.

Æртындæсаздзыд лæппутæ Стъараполы крайы фидар фæлæууыдысты сæ ныхмæлæуджыты раз. Уыдон уыдысты Волгоградæй, Липецкæй, Буденновскæй æмæ Стъараполæй. Финалон хъазты та стъæлф сæвæрдта нæ командæйы дуаргæс Битарты Æхсæртæг. Хъазты кæронбæттæн иу шайбæ дæр не рбауагъта.

Цалдæр азмæ «Алайнаг стайты» æвзонг спортсментæй рауад тыхджын командæ. Иумæ æрлæууыд иннæ регионты сывæллæтты иугонд командæты æмрæнхъ. Ома, хоккей бирæ азты кæм парахат кæны, ахæм регионты кой кæнæм. Стъараполы уæлахиз нæ лæппутæн сæ тыхыл тых бафтыдта, æмæ ныр тырнынц ног бæрзæндтæм, зæгъы сæ тренер.

Фæллад уадзынæн æрыгон спортсментæн рæстæг нæй. Январы сæм æнхъæлмæ кæсы ахсджиаг чемпионат. Уыдзæн Краснодары крайы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania