филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:06 пятница, 19 апреля 2024
10 июня 2019, 11:55
Хуссар Ирыстоны центрон æвзарæн къабис фехъусын кодта парламентмæ депутатты æвзæрстыты рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ

Ацы сахатмæ банымадтой бюллетеньты 80% фылдæр.

Хуссар Ирыстоны центрон æвзарæн къабис фехъусын кодта парламентмæ депутатты æвзæрстыты рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ. Ацы сахатмæ банымадтой бюллетеньты 80% фылдæр. Къамисы сæрдар Плиты Беллæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ фылдæр адæм схъæлæс кодтой «Иугонд ирыстон»-ыл, дыккаг бынаты ис «Адæмон парти». Иннæ партиты фæдыл Хуссар Ирыстоны центрон æвзарæнкъамис ницыма хъусын кæны. Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны парламентмæ 34 кандидатæй се мбис сты политикон партитæй, иннæ æмбис та иумандатон зылдтæй. Æвзæрстыты цыдмæ кастысты алы бæстæты цæстдарджытæ æмæ не сфæлдыстадон къорд.

Хуссар Ирыстон æнхъæлмæ кæсы хорзырдæм ивддзинæдтæм. Афтæ зæгъы йæ райгуырæн республикæйы парламентмæ æвзæрстыты рæстæг Гаглойты Инал. Абоны бон ын у уæлдай вазыгджын. Нæлгоймаг лæмбынæг базонгæ кандидатты æмæ партиты политикон программæтимæ, кастис сын сæ дебаттæм, уынаффæ кодта йæ хæстæджытæ æмæ сыхæгтимæ.

Хæдбар республикæйы æвзарæн хайæдтæм цыдысты æнæхъæн бинонтæй, сæ сыхæгтæ æмæ æмбæлттæ. Йæ бинонтимæ æвзарæн хайадмæ æрбацыдис Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий. Уый зæрдæ бавæрдта, æвзæрстытæ æнæ барадхæлдтытæй кæй ацæудзысты, уымæй. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй йæ ис ныфс, йæ адæм сæ æууæнк аккаг кандитаттæ æмæ партитæн кæй ратдзысты, уымæй.

Æвзарæн хайæдтæ уыдысты бæрæгбондзаст. Барадхæлдытæн дзы сæ кой дæр нæ уыдис. Ирон адæм равдыстой бæрнон ахастдзинад парламенмæ æвзæрстытæм.

Æвзæрстыты фæткмæ цæст дардтой Бельгийы, Италийы, Германийы, Чехийы, Финляндийы минæвæрттæ. Цæстдарджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй респубикæйы разамынд сарæзта æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой бæрзонд æмвæзадыл. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, цæгатирыстойнæгтæ равдыстой граждайнаг бæрнондзинад.

Фыццаг хатт 2004 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ сарæзтой æмхæццæ системæмæ гæсгæ. Архайдтой дзы куыд фæлтæрдджын политиктæ, афтæ политикæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы æрыгон адæм дæр. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, фæлтæрддзинад сæм кæй нæй, уый сын сæ фидæны куыст нæ фæкъуылымпы кæндзæн. Сты æвзонг æмæ ныфсджын, æмæ уый размæ закъонаразæг хицаудзинад схиздзæн бæрзонддæр æмвæзадмæ.

Хуссар Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты архайдта хъæлæсгæнджыты æстай фондз проценты. Бынæттон цæрджытæн уый у хорз нысан. Æнхъæлмæ кæсынц ивддзинæдтæм. Абон сæ алчидæр равзæрста йæ фидæн æмæ йæ уырны, кæй нæ фæфыдæнхъæл уыдзæнис, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania