филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:26 четверг, 25 апреля 2024
28 октября 2020, 12:39
Хуымæтæджы нæ баззад хъуыды – сывæллоны сомбоныл рагацау ахъуыды кæнын хъæуы, цæмæй уый фæстæ ма байрæджы уа, уый тыххæй

Цæмæй фидæны сабийæ æхсæнадæн пайдайаг адæймаг рауайа, ууыл йæ райгуырдæй фæстæмæ сагъæс кæнын хъæуы

Хуымæтæджы нæ баззад хъуыды – сывæллоны сомбоныл рагацау ахъуыды кæнын хъæуы, цæмæй уый фæстæ ма байрæджы уа, уый тыххæй. Цæмæй фидæны сабийæ æхсæнадæн пайдайаг адæймаг рауайа, ууыл йæ райгуырдæй фæстæмæ сагъæс кæнын хъæуы. Куыд рæзы, афтæ йын йæ  миддуне хъæздыгдæр æмæ фидардæр кæныныл архайын хъæуы. Уый та канд бинонтæн нæ бантысдзæн, фæлæ саби царды алы къабæзты архайгæйæ йæхи куы взара, уæд. Уый тыххæй та сын аразын хъæуы фадæттæ, æмæ уый æнтысы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн.

Футболист цæмæй формæ скæна, æмæ хъазтмæ рацæуа, ууыл иу æмæ дыууæ боны бакусын нæ хъæуы, фæлæ бирæ æзты. Туккаты Рустам Дигорайы футболон клубы ис, йæ сарæзтæй фæстæмæ. 27 азмæ дзы  хъазыди  бирæ фæлтæртæ. Куыд зæгъы,  афтæмæй фæсивæд сæхæдæг кæрæдзийы разæнгард кæнынц уæлахизтæм. 

Футболон Клуб «Дигора»-йы командæ цин кæны сæ ногдзинадыл. Сæ фæзы сын сæвæрдтой  трибунæтæ. Раздæр дæр сын дзы уыд, фæлæ спортивон комплекс аразгæйæ  хæлд æрцыдысты. Адæмæн бадæн бынæттæ кæй хъæуы футболмæ кæсгæйæ, уыцы курдиатимæ бацыдысты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ, æмæ афтæмæй ныхæстæ рахызтысты сконд хъуæддæгтæм, адæмæн æнцон мадзалмæ.

Ныр сывæллæттæ æмæ фæсивæд зæрдиагдæрæй сæхи цæттæ кæндзысты. Зондзысты йæ, сæ хъазтмæ бакæсынмæ сæм адæм кæй æрбацæудзæн, уый.

Уымæй уæлдай ма архайынц сæ фæзы цъæхфæлысты хæрзхъæддзинадыл бакусыныл. Кæрдæгæн дон кæй нæ фаг кодта, уымæй бахус вæййы, ныр сын фадат фæци сæхи сæрмагонд системæ скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania