филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:06 вторник, 16 апреля 2024
18 декабря 2019, 17:48
Иннæ аз Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæни спортивон хъæбысхæсты цæттæгæнæн центр

Проект царды рауадзын къухы бафтыди, республикæ федералон программæйы кæй архайы, уый фæрцы.

Иннæ аз Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæни спортивон хъæбысхæсты цæттæгæнæн центр. Уыдзæни дзы 400 бынатимæ универсалон спортивон зал, хъæбысхæсты 2 залы 2-æм уæладзыджы, тренажерты зал, стæй кроссфитæй архайыны зал. Проект царды рауадзын къухы бафтыди, республикæ федералон программæйы кæй архайы, уый фæрцы. Ацы хъуыддæгтæн дихгонд æрцыди 230 милуан сомы. Уый тыххæй кусæг фембæлды рæстæг Битарты Вячеславæн фехъусын кодта физкультурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан. Ныхас цыди æндæр фарстатыл дæр. Æмбырды ма архайдта Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ дæр. Битарты Вячеслав ын бузныг загъта, спортивон мадзæлттæ æмбæлгæ уагыл кæй ацыдысты, уый тыххæй. Ацы аз уыдысты 260. Республикæйы Сæргълæууæг ма бахæс кодта, сывæллæтты футболы Академийы арæзадмæ бæстон цæст дарын. Нырыккон спортивон центрмæ хуынд цæудзысты алы районтæй курдиатджын сывæллæттæ. Стыр æргом здæхт æрцыди Дзæуджыхъæуы спорты Галуаны арæзтадмæ. Конкурсы фæрцы йын равзардзысты аразæг организаци. Йæ проектон-сметон документаци хъуамæ сцæттæ уа иннæ азы уалдзæгмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania