филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:35 вторник, 16 апреля 2024
25 февраля 2020, 12:54
Ирон литературæйы музейы уыд зындгонд ахуыргонд, фыссæг Джыккайты Шамилы номарæн изæр

Абон йæ райгуырдыл сæххæст 80 азы

Дзæуджыхъæуы, ирон литературæйы музейы уыд зындгонд ахуыргонд, фыссæг æмæ Ирыстоны кадджын хъæбул Джыккайты Шамилы  номарæн изæр. Абон йæ райгуырдыл сæххæст 80 азы. Шамиль стыр æвæрæн бахаста ирон æвзаджы райрæзтмæ. Уымæ гæсгæ мадзал дæр арæзт уыд мадæлон æвзаджы æппæтадæмон боны. Ирон  литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, уый фæстæ та ирон филологийы факультеты декан  иу æмæ дыууæ ахуыргæнæджы  не схъомыл кодта, уыдон абон дæр пайда кæнынц йæ зонындзинæдтæй. Æмтгæй та наукон куыстытæй фæстæмæ Шамиль у 6 поэтикон æмбырдгонды æмæ 3 пьесæйы автор. Сæ иу «Хъодыгонд зæд». Сæвæрдтой йæ бæхты театр «Нарт»-ы дæр. Джыккайты Шамилы номарæн изæрмæ æрбацыдысты, йæ курдиатæн аргъ чи кæны, ахуыргæндтæ, фысджытæ, æхсæнадон архайджытæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania