филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:54 пятница, 19 апреля 2024
22 октября 2019, 14:14
Ирыстойнаг балер кæсаг Уæрæсейы нымад æрцыд хуыздæрыл

Кæсагдарæн компани «Ир-Фиш»-ы продукцийæн Æппæтуæрæсеон агропромышленнон равдысты лæвæрд æрцыд сызгъæрин майдан

Ирыстойнаг балер кæсаг Уæрæсейы нымад æрцыд хуыздæрыл. Кæсагдарæн компани «Ир-Фиш»-ы продукцийæн Æппæтуæрæсеон агропромышленнон равдысты лæвæрд æрцыд сызгъæрин майдан. Ахæм æнтыстдзинад не мзæххонты къухы фыццаг хатт бафтыд. Уæвгæ та Æрыдоны кæсагдарæн завод кусы ныр 20 азæй фылдæр. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ацы районы ис иттæг хорз уавæртæ къабазы райрæзтæн. Уал азмæ банывыл кодтой продукцийы рауагъдад æмæ йæ уæй кæныны уавæртæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Мæскуыйы æппæтуæрæсеон хъæууонхæдзарадон равдыст «Сызгъæрин фæззæджы» Цæгат Ирыстонæй сæ продукци равæрдтой 77 куыстуаты. Республикæйы хыгъды – 10 сызгъæрин æмæ 4 æвзист майданы. Ам фылдæр ргом здæхт æрцыди кæсагдарыны къабазмæ.

Гæбуты Игорь æмæ Мæхъиты Алинæ кæсагдарыны куыст кæнынц дыккаг аз. Балер кæсаг дарыны æмæ йæ парахат кæныны хъуыды сæм раджы фæзынди. Кæсаджы лæппынтæн иттæг хорз бынат у Бехъаны цад. 2 мин квадратон метры фæзуатыл ис гыццыл цадтæ. Куыстуаты фæллой кæны 15 адæймаджы.

Уæй кæнынмæ парахат кæнынц балер кæсаджы алы хуызтæ. Лæппын кæсæгтæ сласынц Краснодарæй, Хъырымæй, æмæ суанг Италийæ. Фæлтæрддзинад сæм ис, еугæфæй уадзын кæсæгтæ дæр. Йæ уæзмæ гæсгæ цалынмæ кæсаг уæй кæнынмæ сбæзза, уæдмæ бирæ рæстæг рацæуы.

Райдайгæ бизнесæн дæр гыццыл фæрæзтæ кæй нæ хъæуы, уый бирæ адæмы уромы. Æфтиæгтыл дзурын нырма раджы у… Фæлæ фыццаг къахдзæфтæ сты æнтыстджын.

2021-æм азмæ сæ тыхтæ кæй фæфылдæр кæнынмæ хъавынц, уый фæрцы хæдзарад йæ зæрдæ дары 300 тоннæй фылдæр продукцийыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania