филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:24 суббота, 20 апреля 2024
08 октября 2019, 12:35
«Ирыстоны цæрæг адæмыхæттыты хæлардзинад». Афтæ схуыдтой национ спорты хуызты æртыккаг спартакиадæ йæ саразджытæ

Фæсивæд сæ тыхтæ бафæлвæрдтой алыхуызон ерысты. Архайдтой дзы 10 делегацийы, æдæппæтæй 55 адæймаджы.

«Ирыстоны цæрæг адæмыхæттыты хæлардзинад». Афтæ схуыдтой национ спорты хуызты æртыккаг спартакиадæ йæ саразджытæ. Фæсивæд сæ тыхтæ бафæлвæрдтой алыхуызон ерысты. Архайдтой дзы 10 делегацийы, æдæппæтæй 55 адæймаджы. Ерысты хсæн уыдысты – парахат чи у, стæй арæх кæуыл нал сæмбæлдзынæ, ахæм спорты хуызтæ. Фæлæ уымæй къаддæр цымыдисдзинад нæ сæвзæрын кодтой. Куыд рауад национ спорты хуызты спартакиадæ ацы хатт, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Рæттыл хъæбысхæст, масс-рестлинг, дуртæ æппæрын, шашкæтæ æмæ ма бирæ æндæр ерыстæ фенæн уыд национ спорты хуызты æртыккаг спартакиадæйы. Се ппæт дæр уарзон сты Цæгат Ирыстоны. Уымæ гæсгæ, зæрдæ дарæн ис – спартакиадæ æрвылазон кæй суыдзæн, ууыл.

10 делегацийы: тæтæйраг, ассириаг, сомихаг, гуырдзиаг, ирон æмæ уырыссаг, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, алыхуызон организациты минæвæрттæ. Æдæппæтæй 55 адæймаджы бавзæрстой сæ тыхтæ ацы спартакиадæйы. Стырдæр командæ уыд узбекаг национ-культурон æхсæнады минæвæрттæй. Сæ зæрдæ дардтой уæлахизыл, уыимæ канд сæ нымæцы руаджы нæ, фæлæ ма се спортивон цæттæдзинады фæрцы дæр. Лæппутæ архайдтой спорты алы хуызты.

Ерысты хсæн уыдысты – парахат чи у, стæй арæх кæуыл нал сæмбæлдзынæ, ахæмтæ. Фæлæ уымæй къаддæр цымыдисдзинад нæ сæвзæрын кодтой. Хистæр эксперттæ зæгъынц, сæхæдæг дæр ацы хъæзтыты архайдтой, сывæллæттæ ма куы уыдысты, уæд. Иуæй-иутæ уæвгæ дæр рохуаты аззадысты. Фæлæ се сног кæныны фæнд скодтой ацы спартакиадæйы. Конкурсанттæ зæгъынц, кæд сæ хæс уыди хуыздæр суæвын, уæддæр сæ ерыстæ кæрæдзимæ æрбангом кодтой. Ам сæ айрох чи цы адæмы хатты минæвар у, уый. Сæйрагдæр уыд тыхджындæры æмæ арæхстджындæры равзарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania