филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:34 пятница, 29 марта 2024
28 августа 2019, 17:05
Иу мин æмæ 111 сомы социалон лæггæдты ныхмæ

Льготæтæй чи пайда кæны, уыдон арæхдæр райдыдтой паддзахадон лæггæдты бæсты æхца æвзарын.

Иу мин æмæ 111 сомы социалон лæггæдты ныхмæ.

Льготæтæй чи пайда кæны, уыдон арæхдæр райдыдтой паддзахадон лæггæдты бæсты æхца æвзарын. 1111 сомæй – 860 ацæуынц хостæн, 133 сомы санаторон дзæбæхгæнæн мадзæлттыл, 130 сомы та фæндаггагæн. Фæлæ ныр 70 мин льготникы уыцы æххуыс исын нал фæнды, æмæ фæрæзтæ æфтауынц сæ пенситæм. Закъонмæ гæсгæ социалон пакетæн ис йе рдæгæй пайда кæнын. Зæгъæм, æхца схардз кæнын санаторимæ фæндаггагыл, хостæн та фидын хицæнæй. Чи зоны, æмæ афтæмæй æфтиаг хæссы, фæлæ республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад та æййафы хæрдзтæ. Уымæн æмæ Цæгат Ирыстон афтæмæй федералон бюджетæй нæ исы фæрæзтæ, цæмæй федералон категорийы препараттæ иса, уый тыххæй. Уый æнæфæзынгæ нæ фæуыдзæн бынæттон бюджетыл. Бæлвырд уынаффæ рахæссыны бон адæмæн у 1-æм октябры онг, æмæ йæ фехъусын кæнын хъæуы социалон оргæнтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania