филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:39 пятница, 19 апреля 2024
17 марта 2020, 20:07
«Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады æмбырды ахсджиаг фарстатæ

Регионы социалон – экономикон рæзт æмæ адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын

Регионы социалон – экономикон рæзт æмæ адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын. Ацы фарстайыл æрныхас кодтой республикæйы сæргълæууæг парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады уæнгтимæ цы æмбырд сарæзта, уым. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад хъуамæ æнгомдæр архайа æхсæнадон иугондтимæ, фæсивæдон организацитимæ æмæ национ – культурон æхсæнадты минæвæрттимæ. Республикæйы Сæргълæууæг йе ргом аздæхта Уæрæсейы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй æппæтадæмон хъæлæс кæныны процедурæмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фракцийы активисттæ хъуамæ адæмимæ ацы хъуыддаджы фæдыл кæной æмбарынгæнæн куыст. Конституцион тæрхондон ивддзинæдтæ банымадта, фæлæ кæронбæттæн хатдзæг бæрæг уыдзæни 22-æм апрелы хъæлæс кæныны боны фæстæ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania