филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:03 пятница, 29 марта 2024
13 августа 2020, 12:58
Иумæйаг æххуыс ахадгæдæр вæййы

Паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æмæ фонд «Быть добру» радон хатт расидтысты хæрзаудæн марафон

Иумæйаг æххуыс ахадгæдæр вæййы. Паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æмæ фонд «Быть добру» радон хатт расидтысты хæрзаудæн марафон. Знон æнæхъæн бон радио Аланийы уылæнтыл зæлыдысты адæмы уарзон артистты хъæлæстæ. Марафоны архайдтой æхсæнадон организациты минæвæрттæ, амалхъом адæм, хицауады уæнгтæ, æмæ æндæр хæларзæрдæ адæм. Мадзалмæ йе вæрæн бахæссыны фадат уыд алкæмæн дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – Бæдуаты Зæринæмæ ис стæм генетикон низ. Йæ аирвæзынæн хъæуы, 155 милуан сомы чи кæны, ахæм хос.

Райсомы 7 сахатæй фæстæмæ радио ФМ «Алания» -йы эфиры зындгонд артисттæ, æхсæнадон архайджытæ, политиктæ æмæ амалхъом адæм. Иууылдæр иумæ баиу сты акцийы «Аирвæзын кæнæм Зæринæйы». 

Бæдуаты Зæринæйыл афæдз дæр нæма цæуы. Фæлæ йæ ахæм кары дæр хъæуы стыр ныфс æмæ хъару равдисын, æмæ уæззау низы ныхмæ тох кæнын. Ныридæгæн спинально-мышечная атрофия бирæтæн зонгæ у. Уымæй рынчын уыд Персаты Арнеллæ дæр. Не ппæт дæр æй хъуыды кæнæм, фæрæзтæ йын куыд æмбырд кодтой, уый. Æмæ нын иумæйаг хъарутæй бантыст. Дыууæ милуан доллæрæй фылдæр ныр хъæуынц Зæринæйы сдзæбæх кæнынæн. Сабийы фарс рахæцыны тыххæй паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æмæ фонд «Быть добру» расидтысты хæрзаудæн марафон.

Æнæхъæн бон радио ФМ «Алани»-йы студимæ цыдысты, не ппæт дæр кæй зонæм, ахæм адæм. Уыдоны дæр уырны, нæ иудзинады нæ тых кæй ис, уый. 

Уазджытимæ студийы сидзæр сывæллæтты хæдзар «Ласкæ»-йы рауагъдон Тыбылты Хетæг дæр. Уый Зæринæйæн рахай кодта йæ пенси, кæд æмæ йæхæдæг дæр æххуысхъуаг у, уæддæр.

Хæрзаудæн фонд саразджыты хъуыдыты, æнæмæнг, арф фæд ныууаддзæн Таутиаты Уырызмæджы зæрдæмæхъаргæ истори. Ацæргæ нæлгоймаг у инвалид. Радио Аланимæ хъусы алы бон дæр. Ацы бон æрбадзырдта студимæ, æмæ загъта Зæринæйæн баххуыс кæнын æй кæй фæнды, фæлæ йæхи бон æрбацæуын, кæй зæгъын æй хъæуы, нæу. Тынг бацин кодта, не сфæлдыстадон къорд æм куы бациди, уæд.

Таутиаты Уырызмæг Бæдуаты Зæринæйæн баххуыс кæныны тыххæй рахай кодта 5 мин сомы. Уымæй канд марафоны нæ бацархайдта, фæлæ ма бакодта алцыдæр, цæмæй гыццыл чызг сдзæбæх уа, æмæ цæра æнæнизæй. Таутиаты Уырызмæджы курдиат æнæмæнг сæххæст кодтам, æмæ нæ зæрдæ дарæм, сабийæн кæй баххуыс кæндзысты, ууыл. Ныртæккæ Зæринæ дард у Ирыстонæй. Бинонтæ цæрынц Севастополы, фæлæ хæлар хъуыддæгтæн арæнтæ нæй. Æмæ та нæ радон хатт ууыл баууæндын кодта хæрзаудæн марафон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania