филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:32 четверг, 25 апреля 2024
06 мая 2013, 17:03
Ивгъуыд къуырийы майрæмбоны райсомæй æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджыты къордмæ бадзырдтой, Хъазыбеджы хохы бæрзæндыл турист кæй бавзæр, уый тыххæй

Спортсменæн нæ фаг кодта туаггуыр. Уыцы бон æнæнхъæлæджы уавæрты министрады вертолет 3 километры æмæ 500 метры хохы бæрзæнды рахизын кодта ирвæзынгæнджыты къорд 6 адæймагæй.

Ивгъуыд къуырийы майрæмбоны райсомæй æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджыты къордмæ бадзырдтой, Хъазыбеджы хохы бæрзæндыл турист кæй бавзæр, уый тыххæй.

Спортсменæн нæ фаг кодта туаггуыр. Уыцы бон æнæнхъæлæджы уавæрты министрады вертолет 3 километры æмæ 500 метры хохы бæрзæнды рахизын кодта ирвæзынгæнджыты къорд 6 адæймагæй. Боны ахасты зын уавæртæ нæ хынцгæйæ ма уыдон схызтысты 4 мин 200 метры бæрзæндмæ, уым альпинистæн бакодтой фыццаг æххуыс æмæ йæ сабаты райсомæй раластой Дзæуджыхъæумæ. Турист Цæгат Ирыстонмæ ссыд Санкт-Петербургæй. Операцийæн разамынд лæвæрдта Александр Сушко.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania