филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:18 вторник, 16 апреля 2024
21 мая 2020, 16:14
Йæ цардæй ахицæн Дауыраты-Сланты Зойæ

Бирæ азты Дауырæ куыста адæмон сфæлдыстады хæдзары методистæй

Уæззау хабар. Йæ цардæй ахицæн нæ республикæйы аивæдты сгуыхт кусæг, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Дауыраты-Сланты Зойæ, йе сфæлдыстадон ном – Дауырæ. Бирæ азты Дауырæ куыста адæмон сфæлдыстады хæдзары методистæй, Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы режиссерæй. Телеуыннынадæй куы ацыдис, уæд сарæзта ирон æвзаджы скъола «Хæзнадон». Ныртæккæ та фидарæй зæгъæн ис, æмæ Зойæ йе сфæлдыстадæй зынгæ кæй фæхъæздыгдæр кодта Ирыстоны хæзнадон.

Ирон сфæлдыстады къæбисмæ стыр хуынтимæ чи бацыд, уыдонæй иу у фыссæг, тæлмацгæнæг, нæ республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг, Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг Дауыраты-Сланты Зойæ – Даурæ. Йæ хуыны бæркад рагæй æмбырдгонд цыд. Зойæ у, кадæггæнæг Сланты Гæхайæн йæ 4-æм фæлтæры минæвар.

Дауырæ  райгуырд æмæ йе взонг бонтæ арвыста Хъобаны. Ам райхæлдысты йæ курдиаты фыццаг тæгтæ, йæ фыццаг æмдзæвгæты рæнхъытæ. Дауырæйæн рухс федтой йе мдзæвгæты æмæ радзырдты фынддæс æмбырдгонды. Сæ ирддæртæ сты «Нæ хурты хуртæн», «Айзæлд», «Сæдæйы сæр», «Фæрдыг», «Хъобан» æмæ æндæртæ.

Куыд алы æвзонг чызг, афтæ Зойæйы дæр фæндыд актрисæ суæвын, йæ бæллицы фæдыл ацыд æмæ сси Мæскуыйы Щукины номыл училищæйы хуыздæр ахуырдзаутæй иу, фæлæ фæстæдæр йæ зондахæст аивта, æмæ равзæрста режиссеры дæсныйад. Дауыраты Зойæ нымад у фыццаг ирон мультипликаторыл. Бирæ азты  куыста республикæйы адæмон сфæлдыстады хæдзары методистæй, Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы режиссерæй. Ам ныууагъта рæсугъд фæд.

Телеуынадæй куы ацыдис, уæд сарæзта ирон æвзаджы скъола «Хæзнадон». Цы программæ сфидар кодта, уый фæрцы иу æмæ дыууæ фæлтæрæн нæ бауарзын кодта мадæлон æвзаг, уыимæ ма йын уарзтой йæхи дæр. Зойæйы хуызæн адæмæй зæгъынц – хистæртимæ хистæр, кæстæртимæ кæстæр, рæстæджы дугъимæ æмдзу чи кодта, ахæм адæймаг, æхсæнадон архайæг, йæ царды фæстаг бонмæ ирон аивадæн лæггад кæнынæй чи нæ бафæллад, уый у Дауыраты Зойæ. Йæ удуæлдай фæллой та æнустæм цæрдзæн йæ зарджыты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania