филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:02 среда, 24 апреля 2024
20 января 2020, 17:20
Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Икъаты Бертæ

Аивадуарзджытæ йæ хорз хъуыды кæнынц, театры сценæйы æмæ кинонывты цы сурæттæ сарæзта, уыдонæй

Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Икъаты Бертæ. Аивадуарзджытæ йæ хорз хъуыды кæнынц, театры сценæйы æмæ кинонывты цы сурæттæ сарæзта, уыдонæй. «Æфхæрдты Хæсанæ», «Иунæджы кадæг», «Дыууæ хойы», «Усгур Гаци», «Цола» æмæ ма бирæ æндæртæ. Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академон театры Бертæ фæкуыста 50 азæй фылдæр. Фронты фæсчъылдымы ветеран, Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг артистты бригады хсæн сæ ныфсыл ныфс æфтыдта сырхæфсæддонтæн. 1942-æм азы фæззæджы гитлеровонтæ бацыдысты Орджоникидземæ хæстæг. Театры иннæ кусджытимæ иумæ Икъаты Бертæ къахта акъоппытæ. Йæ хъазуатон фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд майдантæ æмæ хæрзиуджытæ «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» æмæ «Хæсты азты фæллойы тыххæй».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania