филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:14 пятница, 19 апреля 2024
19 января 2021, 12:56
Йæ царды бæллиц сæххæст кæнын йæ къухы бафтыд

Дур-Дуры Уæлазизы парчы æвæрд æрцыд сармадзан

Йæ царды бæллиц, йæ хæстон дзырд  сæххæст кæнын йæ къухы бафтыд.  Цæгат Ирыстны æнæзонгæ чи нæу уыцы, Дур-Дуры цæрæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарби цин кæны, бирæ æзты цы Уæлахизы Парчы арæзтадыл  кусы, уым  ын кæй бантыст сармадзан сæвæрын, ууыл. Кæд иу боны куыст нæ уыд, уæддæр йæ къухы бафтыд Дур-Дуры сæвæрын  æфсæддон æхсæнгарз

Фыдыбæстæы Стырхæсты ветеран, Дыгуры районы кадджын хистæр, Дур-Дуры хъæуы рухс фидæнмæ тырнæг. Ахæм бон нæй æмæ  Цалиты Сафарби йæ машинæйыл ма бацæуа Дур-Дуры астæумæ, æмæ ма æрзила ацы номарæн бынатыл.  Сафарби æртын азæй фылдæр архайы ам Уæлахизы парк аразыныл. Цы бæлæстæ дзы ныссагъта, уыдон арвмæ дзæвгар ацыдысты уыцы рæстæгмæ. Æмæ  йын æхцондзинад  хæссы йе рыгон бонты бæллиц саразын ын кæй бантыст, уый.

Арæзт дзы æрцыд Дур – Дурæй Фыдыбæстæйы Стыр  хæстмæ  ацу æмæ мауал æрбацуйы фæндагыл  цал адæймаджы ацыд, уал бæласы. Ацы бон Сафарби сæ астæуты куы рацæуы, уæд йæ  уд байдзаг вæййы бæрзонд æнкъарæнтæй. Куыд дарддæр, афтæ та фылдæр.

Дур-Дуры хъæуы хицау Цагъаты Сосланы нæхæстæм гæсгæ, Сафарбийы фидар уд, уыдоны дæр разæнгард кæны, размæ цæуынмæ.

Уымæн æмæ  98 аздзыд Сафарби цы зæгъа, уымæн царды бынат æнæ ссарæн нæй. Ацы хæстон разамонджыты къамтæ сæ бынат ссардтой, фæлæ ма йæ зæрдæ хсайдта ам ын æфсæддон техникæ сæвæрын кæй не нтыст, уымæ. Ныр цин кæны, йæ бынат кæй ссардта ууыл, æмæ арфæйаг у Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Цæлыккаты Хадзысмелы фырт Русланæй. Бирæ рæттæм курдиæттæ рарвитгæйæ йын  йæ бæллиц сæххæст кодта, уый.

Æвæццæгæн ацы сармадзан ардæм æрбаласын дæр æнцон хъуыддаг кæм, уыд. 

Бирæ хæрзиуджыты Хицау, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæн йæ райдианæй йæ кæронмæ чи фæцыд фыдæзнæджы ныхмæ, уыцы Цалиты Сафарбийы фæнды цæмæй Дур-Дуры Уæлахзизы Паркæн æмбал ма уа Уæрæсейы. цæмæй пайдайаг уа кæстæр фæлтæрты патриотон хъомыладæн.

Уæдæ ма  Сафарбимæ фидæнмæ дæр ис фæндтæ, фæнды йæ парк фæхъæздыгдæр кæнын. Куы йæ бафарстон дæ размæ цы нысантæ сæвæрыс, уыдон дын хъару дæдтынц, уæд бахуыдт æма загъта – æнæмæнг.

Афтæмæй, тугуарæн быдырты цы уæззау хъуыддæгтæ бавзæрста, стæй йе мхæстонты нæмттæ фæлтæртæм дæдтыныл архайгæйæ цæры, йæ æзтæ йæ хъæуы райдзастдзинадæн чи лæвар кæны , уыцы Цалиты Сафарби. Йæ хæстон  фæндæгты хабæрттæ хаст æрцыдысты бирæ чингуытæ æмы видеоæрмæджытæм, фæлæ  ма абоны цардмæ дæр хæссы историйы чи баззайдзæн ахæм хъуыддæгтæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania