филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:48 суббота, 20 апреля 2024
03 декабря 2019, 12:26
Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн сæ бон уыдзæн Дзæуджыхъæуы сырддоны лæвар бæхыл атезгъо кæнын

Терапийæйы ацы хуыз пайда у церебралон параличæй рынчын сывæллæттæн.

Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн сæ бон уыдзæн Дзæуджыхъæуы сырддоны лæвар бæхыл атезгъо кæнын. Терапийæйы ацы хуыз пайда у церебралон параличæй рынчын сывæллæттæн. Ахæм тезгъойы фæрцы архайынц, æрвылбоны царды æгуыст чи у, уыцы буары хæйттæ. Сырддоны директоры ныхæстæм гæсгæ, сын ахæм фадат фæзынд зæрдæхæлар адæмы фæрцы. Амалхъом адæймаг сын балæвар кодта æртæ хæрзмыггаг бæхы. Сабитæн сæ бон сырддонмæ цæуын у боны фыццаг æмбисы. Моргуаты Ладæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Ацы бæх æрæджы æрцард Дзæуджыхъæуы сырддоны. Раздæр Оттиск æмæ Сашиб хъомыл кодтой бæхты спортивон скъолайы. Ныр ахуыр кæнынц ног уавæртыл. Сæ хæс у сывæллæттимæ тезгъо кæнын

Дыууæ теркаг бæхы сырддонæн балæвар кодта меценат Битарты Зелимхан. Сæ фарсмæ ма цæры Кæсгон æмæ араббаг мыггаджы бæх. Ам бæхтæн сарæзтой æппæт уавæртæ.

Ныртæккæ бæхтыл цæуы 7-гай æзтæ. Тренеры ныхæстæм гæсгæ афæдзы мбисмæ сахуыр сты ног бынатыл, стæй сæ хæстыл.

Сырддоны ма ис иу ног цæрæг, уый къæдзкъах арс. У машинæйы моторы хуызæн, уарзы хъуырхъуыр кæнын, стæй хъазын. Сырддоны куысджытæ йæм уæндонæй бацæуынц.

Ног цæрæгойты дарын сырддонæн аслам хъуыддаг нæу. Фæлæ ам, Æфсатийы дæлбар чи ис, уыдоныл цингæнгæйæ сæмбæлынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania