филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:06 суббота, 20 апреля 2024
07 августа 2019, 12:20
Кæсæг-Балхъары арæзт æрцыдысты Уæрæсейы Хуссар хайы ерыстæ картингæй

Архайдтой дзы 5-æй -12 азы онг спортсментæ.

Кæсæг-Балхъары арæзт æрцыдысты Уæрæсейы Хуссар хайы ерыстæ картингæй. Архайдтой дзы 5-æй -12 азы онг спортсментæ. Уым цалдæр номинацийы кубокты æмæ кады гæххæттыты хицау сси не мзæххон 12-аздзыд чызг Годжиаты Маринæ. Ацы спорты хуызмæ æрбацыд 2 азы размæ, фæлæ дзы ныридæгæн æвдисы хорз æнтыстдзинæдтæ.

Годжиаты Маринæйыл цæуы 12 азы. Картыл фыццаг хатт сбадти 2 азы размæ. Уæдæй фæстæмæ æрыгон чызгыл æвæрынц стыр ныфсытæ. Ацы бонты архайдта Уæрæсейы Хуссар хайы ерысты картингæй, æмæ дзы сси цалдæр номинацийы кубокты æмæ кады гæххæттыты хицау. Уæлахиздзау куыд зæгъы, афтæмæй йын картинг ныртæккæ у йæ царды сæйрагдæр хай.

Цæгат Ирыстоны профессионалон картинг-клуб саразыны бæллиц ацы спорты хуыз уарзджытæм рагæй ис. Нырма уал сын æндæр гæнæн нæй, æмæ тренировкæтæм цæуынц сыхаг республикæтæм. Картытæн иттæг хорз фадат у дыууæ мины дыууæ сæдæ метры фæзуат, зæгъы сфæлдыстадон иугонд «Картинг»-ы разамонæг Цуциты Николай. Сæйраг домæн – цæмæй дзы уа хæрзхъæд асфальт. Уый у æдасдзинады фæрæз. Иу карты аргъ та у – æппынкъаддæр 300 мин сомы. Уæдæ йæм зилынæн дæр чысыл фæрæзтæ нæ хъæуынц. Нæ республикæмæ фыццаг хатт картытæ æрбаластой 1974-æм азы. Уæдæй фæстæмæ сæм спортсментæ сæхи хъарутæй зилынц.

Маринæйы фыд Годжиаты Алан зæгъы, ахæм практикæйы фæрцы ма йæ чызг хорз базыдта автомеханикæйы сусæгдзинæдтæ дæр.

Годжиаты Маринæ ныртæккæ йæхи цæттæ кæны æппæтуæрæсеон ерыстæм. Уыдзысты 2019-æм азы Курскы. Алы фæлладуадзæн бонты та чызг фæцæуы Кæсæг-Балхъары республикæмæ. Æнцон нæу, фæлæ Маринæ йæ размæ сæвæрдта хæс – йæ райгуырæн Ирыстонмæ ноджыдæр иу уæлахиздзауы Кубок сласын. Уыцы бæллицмæ цæуы уæндон къахдзæфтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania