филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:18 пятница, 19 апреля 2024
13 октября 2020, 12:38
Кавказ суæгъд кæныны тох бацыди нæ бæстæйы æфсæддон историмæ

Алы аз дæр «Номарæн вахтæ»-йы акци æххæст кæнгæйæ, сбæрæг вæййынц хъæбатырты ног нæмттæ

Кавказ суæгъд кæныны тох бацыди нæ бæстæйы æфсæддон историмæ. Карз æмæ зын тохты советон салдæттæн бантыст знаджы ныхмæ æрлæуууын, æмæ йæ Грознайы æмæ Бакуйы нефты гуырæнтæм не рбауадзын. Кавказ суæгъд кæныны тох 1942-æм азы цæхгæр аивта хæсты цыд. Алы аз дæр «Номарæн вахтæ»-йы акци æххæст кæнгæйæ, сбæрæг вæййынц хъæбатырты ног нæмттæ. Куыстытæ фæцæуынц Æрджынарæджы æмæ æндæр районты дæр. 42-æм азы фашистты æфсæдтæ иу иннæйы фæдыл хæрд кодтой алы тохы дæр. Фæстаг ныфс сын уыди Суаргом. Æппæт хъарутæй ныббырстой Майрæмадагмæ. Спайда кодтой танктæй æмæ авиацийæ. Уæд Майрæмадагмæ æрвыст æрцыдысты 5 æфсæддон-денджызон училищæйы курсанттæ. Æппæты хистæрыл цыди 20 азы. Къуырийы дæргъы æвзонг æфсæддонтæ тох кодтой немыцы ныхмæ. Бирæтæн ацы тох сси хъысмæтхæссæг. Сæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Иу советон салдаты ныхмæ уыди 20 немыцаджы. Музейы территорийы ныгæд сты 40 адæмы хатты минæвæры. Се ппæт дæр, зæгъæн ис, æмæ сæхицæй бахъахъхъæдтой Суаргом. Цæгат Ирыстон знагæн нæ басаст. Уый тыххæй 2007-æм азы Дзæуджыхъæуæн лæвæрд æрцыд «Хæстон намысы горæты» ном.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania