филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:16 четверг, 25 апреля 2024
13 октября 2020, 12:39
Кировы районы хъæу Комсомольскæйы та арæзт æрцыд сæхи бæрæгбон

Бынæттон хъæппæрисджын адæм расидтысты конкурс

Кировы районы хъæу Комсомольскæйы та арæзт æрцыд сæхи бæрæгбон. Бынæттон хъæппæрисджын адæм расидтысты конкурс. Фæндыди сæ базонын, ирон чъиритæ кæнынмæ сæрæндæр чи у, уый. Æмæ канд уымæй нæ ерыс кодтой. Цæмæй рауад бæрæгбон зæрдæмæдзæугæ, уый базоныныл бацархайдта нæ уацхæссæг Томайты Батраз, æмæ йын раттæм ныхасы бар. 

Кæй командæ разындзæн сæрæндæр ирон чъиритæ фыцынæй? Ахæм ерыс расидтысты ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Кировы районы хъæу Комсомольскæйы. Хацырты Нанули чъиритæ кæнын райдыдта, 15 азы йыл куы сæххæст, уæд. Сахуыр æй кодта йæ нана. Куыд зæгъы, афтæмæй, цæмæй чъиритæ хæрзад æмæ дзадджын уой, уый тыххæй дзы хъæуы уд бавæрын, æмæ сæ хорз зæрдæйы ахастимæ кæнын.

Ацы бон хъæуы паддзахиуæг кодтой зæрдæхæлар ахастдзинæдтæ, кæдæ æмæ се ппæты дæр рамбулын фæндыди, уæддæр.

Хъæуы, куыд фæзæгъынц, цард цæджджинагау фыцы. Ацы аз Комсомольскæйы хъæуæн у юбилейон. Сæххæст ыл 110 азы. Уымæ гæсгæ бынæттон администраци сфæнд кодта конкурс саразын. Йæ цæхæрадон хуыздæр æмæ аивдæр кæмæн разындзæн, уый базоныны тыххæй. Уæлахиздзаутæн кад кодтой бынæттон культурæйы хæдзары. Хæрзиуæджы аккаг сси Хацырты Руслан. Йæ бинонтæ зæххы куыст нымайынц тынг ахсджиагыл. Сæ цæхæрадоны ис иу мин æмæ фондз сæдæ алыхуызон талайы, дыууæ сæдæ бæласы. Æмæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Цы хцайы фæрæзтæ рамбылдта, уыдонæй бацархайдзæн йæ цæхæрадон фæуæрæхдæр кæнын.

Бæрæгбон рауад иттæг хорз. Уымæн æмæ йæм хъæуы цæрджытæ сæхи цæттæ кодтой зæрдиагæй. Активон адæм та сты территориалон æхсæнадон хиуынаффæйады актив. Уыдон муниципалон хицауады оргæнтимæ кæнынц æнгом æмгуыстад. Афтæмæй та цыфæнды фарстатæ дæр æнцондæрæй лыггонд цæуынц.

Бæрæгбоны чъиритæ сты цæттæ. Жюрийы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ рамбылдта территориалон хиуынаффæйады командæ «Даскъоф». Фæлæ уæлахизыл бацин кодтой ииууылдæр иумæ. Куыд фæзæгъынц, æнæхъæн хъæуæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania