филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:06 четверг, 28 марта 2024
27 ноября 2020, 12:52
Коронавирусы ныхмæ тох кæнынц куыд фæлтæрдджын дохтыртæ, афтæ студенттæ дæр

Алы бон дæр тагъд медицинон æххуысы станцæмæ æрбацæуы сæдæгай дзæнгæрджытæ, æмæ алкæуыл дæр хъæуы лæмбынæг бакусын

Коронавирусы ныхмæ тох кæнынц куыд фæлтæрдджын дохтыртæ, афтæ студенттæ дæр. Алы бон дæр тагъд медицинон æххуысы станцæмæ æрбацæуы сæдæгай дзæнгæрджытæ, æмæ алкæуыл дæр хъæуы лæмбынæг бакусын. Куыд сын æнтысы, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Дриаты Иринæ ковиды ныхмæ тох кæнын куы райдыдта, уæд æй дохтыртæ нæма зыдтой, цавæр вирусимæ кусдзысты, æмæ йын цавæр фæстиуджытæ уыдзæн, уый. Фæлæ ныр 8 мæйы архайынц иу сценаримæ гæсгæ.
Тагъд æххуысы станцæйы дохтыртæ фыццæгтæ сæмбæлынц ног коронавирусы инфекциимæ. Куыст сын бирæ ис, адæм та нæ фаг кæнынц. Уымæ гæсгæ сæм се ххуысы къух бадардтой медицинон академийы студенттæ. Се хсæн 6-æм курсы студенткæ Анна Орфеева. У фидæны дохтыр-педиатр. Тагъд æххуысы станцæйы кусгæйæ фæлтæрддзинад райста пандемияйы фыццаг уылæны рæстæг. Куыд радзырдта, афтæмæй иу сменæмæ сæм-иу бацыд 300 дæзнгæрæджы онг. Аннæ кусы фæлтæрдджын дохтыримæ иумæ.
Арæх рынчын адæм студенттæм хорз цæстæй нæ ракæсынц. Фæлæ сæ хистæр æмкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæсивæдмæ практикæ кæд бирæ нæй, уæддæр зонындзинæдтæй цух не ййафынц.
Ныртæккæйы онг дохтыртæ ацы низы тыххæй бирæ базыдтой. Фæлæ уый нæ хынцгæйæ, ахсджиаг у æдасдзинады мадзæлттæ хъуыды кæнын, æмæ хи хъахъхъæнæн фæрæзтæй пайда кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania