филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:14 четверг, 25 апреля 2024
05 февраля 2020, 12:41
Луковскæйы Сергей Астанины номхæссæг астæуккаг скъола сбæрæг кодта йæ 45 азы юбилей

Уый фæдыл арæзт æрцыд кадджын æмбырд

45 азы станицæйы астæу. Луковскæйы Сергей Астанины номхæссæг астæуккаг скъола сбæрæг кодта йæ 45 азы юбилей. Уый фæдыл арæзт æрцыд кадджын æмбырд. Æмæ йæм хуынд æрцыдысты алы азты рауагъдонтæ, педагогон фæллойы ветерантæ, ахуыргæнджытæ. Ахсджиаг уый у, æмæ се хсæн кæй ис, ацы ахуыргæнæндон каст чи фæци, æмæ дзы уый фæстæ ахуыргæнæгæй кусын чи райдыдта, ахæмтæ. Бæрæгбон саразджытæ бацархайдтой, цæмæй иу адæймаг дæр рохуаты ма баззайа, ууыл. Се ппæты зæрдыл æрлæууын кодтой скъолайы директорты, цавæр æнтыстдзинæдтæ уыди ахуыргæнæндонæн. Скъолайы кусджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты бынæттон разамынды минæвæрттæ, профцæдисты уæнгтæ, станицæйы администрацийы кусджытæ. Хуыздæр педагогтæн радтой кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ. Сæйрагдæр та уыд уый, æмæ рауагъдонты изæр рауад хъæлдзæг æмæ хъæрмуд ахастдзинæдтæй хъæздыг. Æмбырдуæвджытæ æрымысыдысты се скъолайы азтæ, бацин кодтой се мкъласонтыл, æмæ кæрæдзийæн дзырд радтой, арæхдæр кæй æмбæлдзысты кæрæдзиуыл, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania