филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:26 четверг, 25 апреля 2024
03 июля 2019, 12:32
Мадæлон æвзаджы райрæзтыл, æгъдæуттыл æмæ истори бахъахъхæныныл канд дзурын нæ хъæуы, фæлæ æрвылбон кусын

Уыцы хъуыдыйыл хæст у Цæгат Ирыстоны хæххон паддзахадон аграрон университеты доцент Таматы Таймураз

Мадæлон æвзаджы райрæзтыл, æгъдæуттыл æмæ истори бахъахъхæныныл канд дзурын нæ хъæуы, фæлæ æрвылбон кусын. Уыцы хъуыдыйыл хæст у Цæгат Ирыстоны хæххон паддзахадон аграрон университеты доцент Таматы Таймураз. Йæ сæйраг куыстæй уæлдай ма стыр æвæрæн хæссы адæмон сфæлдыстад бахъахъхъæнынмæ. Йæ радон чиныг «Дуджыхъæр» – уымæн æвдисæн. Чиныджы авторимæ фембæлд Сосранты Жаннæ, æмæ йын ныхасы бар.

Царды фæндæгтæ алкæйы раз дæр сæвæрынц цавæрдæр нысантæ, æмæ сæм адæймаг фæтырны. Уæвгæ æмхуызон никæмæн вæййынц, стæй иуты къухы бафтынц æнцондæртæй, иннæтæн та сæ саразыны фæндаджы разыны цæлхдуртæ. Хохаг лæппу Таматы Таймуразы йæ сабибонтæ сахуыр кодтой фыдæлты фарн хъахъæныныл. Кæд хæххон паддзахадон аграрон университеты кусы, уæддæр йæ уæгъд рæстæг фыссы, дзыхæй-дзыхмæ чи цæуы, уыцы таурæгътæ æмæ хабæрттæ. Æгæрон уарзтæй уарзы мадæлон æвзаг.

Таймураз æрвылаз саразы ирон-дыгурон бæрæгбæтты къалиндар, йæ сарæзт чингуыты хсæн та фенæн ис, æгъдæуттимæ баст чи у, ахæмтæ. Се *ппæты дæр бавæры йæ уды кæцыдæр хай, кусы сыл зæрдиагæй. Йæ радон таурæгъты æмбырдгонд «Дудзигъæр» та радон хатт йæ арф хъуыдытæй дисы фтауы.

Малити Георгийы номыл æхсæнадон змæлды сæргъы лæугæйæ Тамайы-фырт кæны æнæбафæзмзгæ куыст мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл.

Таймуразы йæ удыконд кæны размæ, йæ мадæлон æвзаг æмæ хъуыддæгтæ хъахъхъæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania