филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:56 суббота, 20 апреля 2024
06 февраля 2020, 12:49
Мæскуыйы фæци, шахмæттæй æппæтдунеон кубок рамбулыны турнир

3-аг бынат дзы райста 11-аздзыд Агкацаты Альберт

Мæскуыйы фæци, шахмæттæй æппæтдунеон кубок рамбулыны турнир. Ерыстæ арæзт цæуынц 16-æм хатт Уæрæсейы паддзахадон социалон университеты. Архайдта дзы 2 мин шахматистæй фылдæр, æппæт Уæрæсейæ æмæ сыхаг бæстæтæй. Цæгат Ирыстонæй дзы уыди 7 спортсмены. 3-аг бынат дзы райста 11-аздзыд Агкацаты Альберт. 10-аздзыд  Баситы Георгий та, хаст æрцыд 15 хуыздæр  шахматисты номхыгъдмæ.  Фæбæрæг ма кæндзыстæм уый, æмæ ацы категорийы кæй архайдта 170 спортсмены. Агкацаты Альберт шахматтæй хъазы дыууæ азмæ хæстæг, фæлæ йын уыцы рæстæгмæ бантыст алыхуызон æмвæзады ерысты архайын. Æвзонг  шахматист  у фыццаг стæй,  ныридæгæн, иунæг архайæг Европæйы ерысты шахмæттæй. Республикæйы иугонд командæйы тренер та у Агкацаты Марат. Агкацаты Альберт Ирыстоны кад хъахъхъæндзæн  Уæрæсейы ерысты шахмæттæй  Сочийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania