25 ноября 2020, 14:08
Мæздæджы районы арæзт æрцыд хъазахъхъаг зарæджы регионты хсæн фестиваль
Районы станицæты арвыстой фестивалы цалдæр къæпхæны
Мæздæджы районы арæзт æрцыд хъазахъхъаг зарæджы регионты хсæн фестиваль. Районы станицæты арвыстой фестивалы цалдæр къæпхæны. Уым сæ арæхстдзинад равдыстой хъазахъхъаг коллективтæ канд Цæгат Ирыстонæй нæ, фæлæ Стъараполы крайæ дæр. Мадзал арæзт æрцыд Мæздæджы районы Хæлардзинады Хæдзары, стæй нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады хъæппæрисæй. Сфæлдыстадон коллективтæ аивадуарзджыты размæ рахастой сæ программæтæй цалдæргай номыртæ, æмæ уыдоны фæрцы радзырдтой сæ культурæйы тыххæй, стæй фæсивæдимæ куыд кусынц, уый тыххæй дæр. Фестивалы архайджытæн раарфæ кодта Мæздæджы Хæлардзинады Хæдзары разамонæг Павел Михайлянц. Артисттæн радтой призтæ æмæ сын ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ