филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:36 суббота, 20 апреля 2024
08 декабря 2020, 11:15
Мæздæджы районы разамынд æмæ æхсæнадон кусджытæн уыд фембæлд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Архиепископ Леонидимæ

Цы фарстатыл æрдзырдтой, уыдонæй сæйрагдæр уыд – Мæздæджы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хæлд цы аргъуан æрцыд, уый бынаты ног саразын

Мæздæджы районы разамынд æмæ æхсæнадон кусджытæн уыд фембæлд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Архиепископ Леонидимæ. Цы фарстатыл æрдзырдтой, уыдонæй сæйрагдæр уыд – Мæздæджы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хæлд цы аргъуан æрцыд, уый бынаты ног саразын. Фембæлды рæстæг æркастысты Мæздæджы архивты æрмæджытæм. Сбæлвырд кодтой, зæронд аргъуан цы хуызы конд уыд, уый. Мæздæджы администрацийы Сæргъдлæууæджы хæдивæг Демыраты Зауырбег æмæ администрацийы специалисттæ куыд загътой, афтæмæй сбæрæг кодтой, аргъуан цы ран араздзысты, уыцы бынат. Ныридæгæн куыст цæуы, ацы проект царды рауадзынын цы гæххæттытæ скæнын хъæуы, уыдоныл. Фембæлды ма ныхас цыд Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы бæрæгбонимæ баст мадзæлтты тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania