филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:48 среда, 24 апреля 2024
18 ноября 2020, 13:25
Мæздæджы районы сарæзтой ерыстæ лазертагæй

Йæ аразджыты хъуыдымæ гæсгæ ацы хъазтæн æфсæддон-патриотон хъуыддаджы ис стыр ахадындзинад

Уæлахизы 75 азы кадæн Мæздæджы районы сарæзтой ерыстæ лазертагæй. Йæ аразджыты хъуыдымæ гæсгæ ацы хъазтæн æфсæддон-патриотон хъуыддаджы ис стыр ахадындзинад. Банымайæн æй ис ног фæлтæры ирхæфсæн фæрæзыл. Йæ архайджытæ нæмгуытæй не хсынц, фæлæ рухсы тынтæй. Æмæ дзы цæмæй фæуæлахиз уай, уый тыххæй хъæуы арæхстдзинад, спортивон цæттæдзинад æмæ цæрдæг уæвын, уыцы миниуджытæ та къухы фтынц тренировкæты руаджы. Турнир рамбулынæн та командæйы уæнгтæ хъуамæ уой æмдых. Ерысты хатдзæгтæм хуыздæр командæтæ райстой лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania