12 ноября 2019, 18:01
Мæздæджы районы сидтонты кадджын уавæры афæндараст кодтой æфсадмæ
Арфæйы ныхæстæ сын загътой районы сæргълæууæг Олег Яровой, бынæттон минæвæртты æмбырды сæрдар Валерий Эчкал
Мæздæджы районы сидтонты кадджын уавæры афæндараст кодтой æфсадмæ. Арфæйы ныхæстæ сын загътой районы сæргълæууæг Олег Яровой, бынæттон минæвæртты æмбырды сæрдар Валерий Эчкал. Фидæны салдæттæм фæсидтысты Мæздæджы районы æфсæддон хайæдты минæвæрттæ, «хæстон æфсымæрад» æмæ гæрзифтонг рæнхъыты ветерантæ. Кадджын мадзалы архайдтой скъоладзаутæ – районы æвзонг æфсæддонтæ. Ацы аз Мæздæджы районæй хъуамæ фæсидой 500 лæппумæ, фæлæ алы ахосæгтæм гæсгæ гæрзифтонг рæнхъыты æрлæудзæн 200 чысыл фылдæр лæппуйы. Ныронг æфсады чи ис, уыдонæй та бирæты ныййарджытæ исынц арфæйы фыстæджытæ, уый у районы алы ведомствæты æмгуыстады хатдзæг.
темæмæ гæсгæ