филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:57 вторник, 23 апреля 2024
14 июня 2019, 17:00
Мæздæджы районы цардархайды хæрзхъæддзинад цы объекттæй аразгæ у, уыдон хъуамæ хаст цæуой нысанмæ арæзт федералон программæтæм

Ахæм нысантæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæвæрдта бынæттон хиуынаффæйады размæ, Мæздæджы цы æмбырд сарæзта, уым.

Мæздæджы районы цардархайды хæрзхъæддзинад цы объекттæй аразгæ у, уыдон хъуамæ хаст цæуой нысанмæ арæзт федералон программæтæм.
Ахæм нысантæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæвæрдта бынæттон хиуынаффæйады размæ, Мæздæджы цы æмбырд сарæзта, уым. Архайдтой дзы республикæйы хицауады уæнгтæ дæр. Муниципалон сконды сæргълæууæг Гугиты Геннадий радзырдта, ивгъуыд азы æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ цы куыст бакодтой, уый тыххæй. Стыр фæрæзтæ бахæссын хъæуы станицæ Павлодольскæйы донивылдтытæй бахъахъхъæныны тыххæй дамбæйы арæзтадмæ. Хаст æрцыд республикæйы доныбылгæрæттæ фидар кæныны 10 объектмæ. 1-æм сентябрьмæ сараздзысты проектон-сметон документтæ, уый фæстæ та уыдзæн паддзахадон экспертизæ. Битарты Вячеслав бафиппайдта, æппæт мадзæлттæ дæр кæй хъæуы саразын, цæмæй фидæны аз объект аразын райдайой. Ноджы ма бахæс кодта 2020-æм азы 1-æм февральмæ саразын проектон документаци Хъызлары культурæйы хæдзары рацарæзтмæ, уый фæстæ йæ бахæссæн ис 2021-æм азы федералон ведомствæты программæтæм. Мæздæджы район нæ бæстæйæн у ахсджиаг, уымæн ацы районимæ баст æппæт хъæппæристы фарс рахæцыд бæстæйы президент Владимир Путин. Æмæ республикæйы æххстгæнæн разамынды кусын хъæуы æппæт федералон ведомствæтимæ æмæ сæххæст кæнын размæ æвæрд нысантæ. Æмбырды ма ныхас цыд, бынæттон ранчындоны кæй байгом уыдзæн тугдадзинты центр. Куыд цæттæгонд цæудзæн, уымæ йæ цæст дардзæн республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр. Æрдзырдтой ма, чи дзы кусыдзæн, уыцы дохтырты цæттæдзинадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania