филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 четверг, 25 апреля 2024
05 июля 2019, 16:02
Мæздæджы тхеквондойæ олимпаг резервы сæрмагонд скъолайы хъомылгæнинæгтæ фембæлдысты Дунейы чемпионаты æвзист призер Георгий Поповимæ

Уымæн йе 18 азмæ бантыст стыр æнтыстдзинæдтæ равдисын ацы спорты хуызы

Чемпионимæ фембæлд. Мæздæджы тхеквондойæ олимпаг резервы сæрмагонд скъолайы хъомылгæнинæгтæ фембæлдысты Дунейы чемпионаты æвзист призер Георгий Поповимæ. Уымæн йе 18 азмæ бантыст стыр æнтыстдзинæдтæ равдисын ацы спорты хуызы. Георгий тхеквондойæ архайы 2010-æм азæй фæстæмæ. Фондз азмæ йæхи бафæлвæрдта æппæтдунеон аренæйы, сси тхеквондойæ Уæрæсейы иугонд командæйы уæнг. Ацы аз та йын бантыст 54 кг уæзы дунеон чемпионаты Манчестры дыккаг бынат бацахсын. Уымæ гæсгæ спортсменæн ис, æвзонг тспортсментæн цы радзура, уый. Фембæлды рæстæг тренертæ æмæ районы, стæй горæты разамынд агасцуай загътой дæсныйадæвдисаг ахуырты архайджытæн. Стæй раарфæ кодтой Георгий Поповæн, йæ дæсныйады сусæгдзинæдтимæ кæй зонгæ кæны рæзгæ фæлтæры, уый тыххæй. Ахæм фембæлдтытæ фæсивæдмæ гуырын кæнынц рæсугъд фидæн аразынмæ, стæй æнæниз цардыуагмæ тырнындзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania