филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:26 четверг, 25 апреля 2024
13 сентября 2019, 17:05
Мæздæджы центрон рынчындоны территорийыл арæндоны арæзтад нысан кæнынц 2021-æм азмæ

Уый тыххæй дзæбæхгæнæндон бабæрæг кæнгæйæ Битарты Вячеславæн фехъусын кодта сæйраг дохтыр Бузойты Азæмæт.

Мæздæджы центрон рынчындоны территорийыл арæндоны арæзтад нысан кæнынц 2021-æм азмæ.

Уый тыххæй дзæбæхгæнæндон бабæрæг кæнгæйæ Битарты Вячеславæн фехъусын кодта сæйраг дохтыр Бузойты Азæмæт. Куыд загъта, афтæмæй зæронд бæстыхай дзуапп нал дæтты домæнтæн. Кусæг балцы архайдта республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерлан дæр. Бæрнон кусджытæ æрзылдысты æппæт хайæдтыл, æркастысты лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ. Регионы сæргълæууæджы базонын фæндыди, медицинон кусджыты уавæртæ, сæ мызды хъуыддаг. Стыр æргом здæхт æрцыди рынчындон хостæй куыд ифтонггонд у, уымæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Битарты Вячеславы уынаффæмæ гæсгæ, Мæздæджы районы рынчындонæн цæттæ кæнынц кадртæ. Абоны онг дзы хъæуы реаниматолог, анестезиолог, стæй сывæллæтты дохтыр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania