филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:04 пятница, 29 марта 2024
25 сентября 2020, 14:37
Махческмæ бауагътой бæрзонд æмвæзадыл чи кусы, ахæм интернет

Уый фенцондæр кæндзæн бынæттон скъолайы ахуырады фæтк дæр.

Бастдзинады хæрзхъæд лæггæдтæ аллы дæрдзæф хъæутæм. Махческмæ бауагътой бæрзонд æмвæзадыл чи кусы, ахæм интернет. Уый фенцондæр кæндзæн бынæттон скъолайы  ахуырады фæтк дæр.

Нырæй фæстæмæ Махческы бынæттон хиуынаффæйады сæргълæууæг Дзагкойты Феликс аллы райсом æркæсы дунейы цы цаутæ цæуынц, уымæ.  Стæй кæд раздæр йæ куысты фæдыл ахсджиаг гæххæттытæ йæхæдæг ласта районы центырмæ, уæд ныр та пайда кæны  электрон почтæйæ. ТФеликс зæгъы, сæ хъумæ интенет бахæццæ уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдысты.

Интернет бауагътой скъоламæ дæр. Ам ис 12 ахуырдзауы. Бæстыхай ифтонг у ноутбуктæй, фæлæ сæ æххæстæй пайда кæнын сæ бон нæ уыд, интернет лæмæгъ кæй уыд, уый аххосæй.  Ныр 50 хатты фæфылдæр.

Республикæйы бастдзинад æмæ информацион технологиты управленийы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ хæсыл нымайынц, цæмæй бастдзинады хæрзхъæд лæггæдтæ аллы дæрдзæф хъæуы цæрæг дæр бахæццæ уой

Федералон проект «Информацион инфраструктурæ» æххстгонд цæуы фæткмæ гæсгæ æмæ хъуамæ фæуа 2012-æм азы

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania