филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:03 среда, 24 апреля 2024
03 декабря 2019, 12:20
Майкопы уыд Советон Цæдисы хъæбатыр Али Кошевы номарæн турнир панкратионæй

Цæгат Ирыстонæй ерысты архайдтой спортивон клубтæ «PFT» æмæ «Восток»-ы спортсментæ

Майкопы уыд Советон Цæдисы хъæбатыр Али Кошевы номарæн турнир панкратионæй. Цæгат Ирыстонæй ерысты архайдтой спортивон клубтæ «PFT» æмæ «Восток»-ы спортсментæ. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ сызгъæрин майданты хицæуттæ систы Сæбанты Георгий, Джусойты  Сæрмæт æмæ Четойты Лолитæ. Дыккаг бынатмæ та рацыдысты  Кобылтæ Ацæмæз, Бæззаты Давид, Уаниты Даниил, Джиоты Хетæг æмæ  Томайты Ян. Бронзæ майдантæ та райстой Алдаттаты  Альберт, Булкъаты Виталий, Алдаттаты Аскер æмæ Гаглойты Тристан. Ирыстоны командæ Æппæтуæрæсеон турнирмæ бацæттæ кодтой тренертæ  Ибрагим Гасанбеков æмæ  Тыбылты Батрадз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania