23 января 2020, 17:00
Мамсыраты Таймураз бахаста фæндон, Уæрæсейы ног хицауады цур Цæгат Кавказы хъуыддæгты агентад саразыны тыххæй
21-æм январы Президент Владимир Путин Цæгат Кавказы хъæуыддæгты министрады куыст бабар кодта экономикон райрæзты министрадæн
Уæрæсейы Федерацийы Советы сенатор Цæгат Ирыстонæй Мамсыраты Таймураз бахаста фæндон, Уæрæсейы ног хицауады цур Цæгат Кавказы хъуыддæгты агентад саразыны тыххæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 21-æм январы Президент Владимир Путин Цæгат Кавказы хъæуыддæгты министрады куыст бабар кодта экономикон райрæзты министрадæн. Знон палатæйы пленарон æмбырды Мамсыраты Таймураз бахаста, агентад саразыны хъæппæрис. Уый хъæуы, цæмæй, министрады бæрны цы бирæ фарстатæ ис, уыдоны хсæн Цæгат Кавказы фарстатæ æнæ ркастæй ма баззайой.
темæмæ гæсгæ