15 июля 2020, 16:51
Муниципалон дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ хорзæхгонд æрцыдысты мыхуыры хъуыддæгты
Схорзæдхджын сæ кодтой Цæгат Ирыстоны кады гæххæттытæй
Муниципалон дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ хорзæхгонд æрцыдысты мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты. Схорзæдхджын сæ кодтой Цæгат Ирыстоны кады гæххæттытæй. Сæ дæсныйадмæ ахсджиаг æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй арфæйы фыстæджытæ райстой нæ республикæйы медиа къабазы 5 минæвары. Уыдон сты: Æрыдоны районы газет «Рухс»-ы сæйраг редактор æмæ уацхæссæг Быгъуылты Мæдинæ æмæ Биазырты Аллæ, Кировы районы газет «Размæ»-йы къамисæг æмæ уацхæсджытæ Сугъараты Елизаветæ, Милдзыхты Анжелæ æмæ Къубалты Аркадий.