филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:49 четверг, 25 апреля 2024
02 января 2021, 22:13
Мызуры рацарæзтой бынæттон культурæйы артдзæст

Национ проект «Культурæ» æххæст кæнгæйæ

Национ проект «Культурæ» æххæст кæнгæйæ, Алагиры районы хæххон поселок Мызуры рацарæзтой бынæттон культурæйы артдзæст. Куыстытæ райдыдтой ивгъуыд азы августы, æмæ дзы ныр, 1953-æм азы арæзт объектæй сырæзыд нырыккон культурон центр. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты республикæйы æмæ районы разамынды минæвæрттæ стæй бынæттон цæрджытæ. Æхсызгонæй æрбамбырд сты бынæттон цæрджытæ. Уымæн æмæ ацы цаумæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Хæххон поселок Мызуры 200 сывæллоны онг цæуынц бынæттон культурæйы хæдзармæ алыхуызон секцитæм æмæ къордтæм. Зонгæ дзы кæнынц кафты, зарды æмæ æрмдæсныйады сусæгдзинæдтимæ. Уæвгæ та сын ахæм ахуыртæн фадат бирæ рæстæг нæ уыди. Раздæры клубы бæстыхай уыд кæлæддзаг уавæры. Ныртæккæ та у нырыккон культурон центр. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалмæ æхсызгонæй æрбамбырд сты бынæттон цæрджытæ. Уымæн æмæ ацы цаумæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Кæй нæ фæнды, цæмæй сæ кæстæртæ сæ курдиæттæ раргом кæной, уый.

Хъæуккаг клуб йæ куыст райдыдта 1953-æм азы. Уæд Мызурæн кад кодтой бынæттон культурæйы хæдзары сфæлдыстадон коллективтæ. Зæгъæм, сæ кафджытæ гастрольты уыдысты суанг Италийы. Бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой, национ проект «Культурæ» æххæст кæнгæйæ. Куыстытæ райдыдтой ивгъуыд азы августы. Арæзтадæн баивтой йæ сæр, рудзгуытæ, электрон тыхдæттæг телтæ, стæй базылдысты йе ддаг бакастмæ. Уымæй дарддæр ын аивтой йæ мидæггаг арæзт, саив кодтой йæ алфамбылай территори дæр.

Мызуры клуб рацарæзтой бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ. Уыдон æй бахастой республикæйы разамындмæ. Нырæй фæстæмæ районы фæсивæдæн фадат ис сфæлдыстадон рæзтыл кусынæн, æмæ сæ курдиат раргом кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania