филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:00 среда, 24 апреля 2024
01 сентября 2020, 14:17
Нæ бæстæйы иунæг паддзахадон бæхты театр «Нартæ» фæстаг цалдæр азы æййафы зындзинæдтæ

Фæлæ театры артистты уыцы зындзинæдтæ кæнынц фидардæр

Нæ бæстæйы иунæг паддзахадон бæхты театр «Нартæ» фæстаг цалдæр азы æййафы зындзинæдтæ. Уæдæ сыл фæбæрæг сты пандемияйы уавæртæ дæр. Фæлæ театры артистты уыцы зындзинæдтæ кæнынц фидардæр. Ацы аз «Нартыл» æххæст кæны 30 азы. Æмæ сæм ис дарддæр цæуыны фæндтæ æмæ нысантæ. Зæгъæм, ног азы бæрæгбæттæм цæттæ кæнынц театралон равдыст. Цы уавæрты, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Интернационалон къорд – испайнæгтæ, араббæгтæ, уæрæсейæг хæрзмыггаг бæхтæ. Абон иууылдæр æмбарынц, ирон æвзагыл сын цы хæслæвæрдтæ дæттынц, уый. Ацы артисттæм ис бæстондæр цæстдард. Сихор бæлвырд фæткмæ гæсгæ, тренировкæтæ æмæ бæстон зылд. Фæлæ, сæ арæхдæр фæхъæуы бæхдоны уæвын. Къæвдаты аххосæй репетицитæ кæныны фадат нæ вæййы. Бæхты театрæн бындур æвæрд æрцыди, уæдæй нырмæ дзы ис гом аренæ. Æвзæр боны хъæд куы вæййы, уæд  сценæ доны бын афтæ фæвæййы æмæ репетицитыл хъуыды дæр ничиуал фæкæны, спектаклы кой та дзы уæвгæдæр нал вæййы.

Хъæуы дзы донцъирæн системæ. Уымæн та кæй зæгъын æй хъæуы фæрæзтæ. Уый аххосæй Нартæн афæдзы дæргъы сæ аивадуарзджытимæ æмбæлыны фадат нæй. Зымæджы, фæззæджы æмæ рагуалдзæджы артисттæ æгуыст фæвæййынц. Фартсайы иу хай лыггонд æрцыди республикæйы культурæйы министрады фæрцы. территорийы аразынц тентæй æмбæрзт чи уыдзæни, ахæм тренировкæтæгæнæн ангар. Уыдзæни с дыууæ цъарæй æмæ уымæл нæ уаддзæнис. Уыймæ гæсгæ дзы репетицитæгæнæн уыдзæни цыфæнды боны хъæды дæр.

Ам æвæрд æрцæудзæнис рухсытæ æмæ музыкалон аппаратурæ. Фæлæ спектакльтæ æвдисæн ангары нæ уыдзæни. Сæйраг сценæйы ис 500 бынаты. Ам кусы 20 артисты. Фæсивæд разæнгардæй нæ цæуынц, уавæрты тыххæй.

Талисманæн фæстаг цалдæр бонмæ сценæмæ у фыццаг рацыд. Кусы Багаты Хъазыбегимæ. Ныртæккæ у трюктыл кусыны рæстæг. Хъазыбег театры кусы 22 азы. Бæхты театры артист  зæгъы, æнæ æхгæд сценæйæ куыст æмбæлгæ хуызы нæ цæуы, тыхсынц бæхтæ дæр, стæй адæм дæр.

Ацы аз театрыл æххæст кæны 30 азы. Уæрæсейы у иунæг бæхты театр. Ныртæккæ сæйраг хæс у ног бæхты сахуыр кæнын, цалдæр мæймæ хъуамæ сахуыр уой алцæуыл дæр. Фидæны фæнд кæнынц æвзонг театрдзаутæн Ног азы лæвар скæнын, кæд сæ уавæртæ бауадзой, уæд. Фæндтæ æмæ хъуыдытæ бирæ… Зæгъæм, хорз уаид, манеж дæр баивын… Фæлæ дзы хи хъарутæй ницы рауайдзæн.

Фæлæ уæддæр Нарты кусджытæ сты разæнгард, цæуынц гасторльтæм, фæархайынц стыр мадзæлтты. Афтæ, фарон Хетæгкаты Къостайы 150 азы бонмæ дæр бацæттæ кодтой цымыдисаг спектакль. Æмæ йæ æрмæстдæр артисттæ сæхæдæг зонынц, цавæр аргъæй архайынц сæ профессионалон æууæлтæ ма фæдæлдæр кæнын, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania