филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:20 пятница, 29 марта 2024
09 июля 2019, 13:13
Нæ къæхты бын цы зайæгойтæ ис, уыдонæй куыд ис спайда кæнын?

Ацы фарста тыхсын кодта æрыгон ахуыргонд Петракис Чаликидийы æмæ йын наукон æгъдауæй агуры фарста

Нæ къæхты бын цы зайæгойтæ ис, уыдонæй куыд ис спайда кæнын? Ацы фарста тыхсын кодта æрыгон ахуыргонд Петракис Чаликидийы æмæ йын наукон æгъдауæй агуры фарста. Æхсынæнты, нартхоры æмæ пырындзы цъарæй арæзт хомагæй ис саразæн медицинæй хъæугæ билогон хомаг. Æрыгон лæппу йæ цымыдисдзинады фæрцы рамбылдта Уæрæсейы наукон фонды грант. Уый у стыр кад, стæй финансон æххуыс фидæны наукон куыстæн. Кæд райдыдта лæппуйы уарзондзинад химимæ, æмæ йæм цавæр ныфсытæ ис, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Алцыдæр райдыдта скъолайы рæстæгæй. Уарзондзинад химийы урокмæ. Æмæ ныр æрыгон ахуыргонд Петракис Чаликиди рамбылдта зайæгойты хауæццæгтæй конд ног æрхъуыдыдзинæдты методикæйы грант. Уыдонæй уый фæстæ скæнæн уыдзæни ахорæнтæ, пластмассæ, стæй суанг онкологийы ныхæмæ хостæ дæр.

Фæстæдæр æй рацаразынц, æмæ дзы рауайы хъæбæр кæнæ кристаликон æрмæг.

Æмæ уый стыр куыстæн у æрмæстдæрйæ гыццыл хай. Цæмæй йæ кронмæ ахæццæ кæнай, уый тыххæй йын бахъæудзæн цалдæр мæйы. Иртасæг цы центры кусы, уый у промышленнон компанитæ иугæнæг. Проект царды рауадзынæн æрыгон ахуыргондæн лæвæрд цæуы 2 азы. Йæ разамындæй ма дзы кусдзæн ноджыдæр цалдæр студент-аспиранты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ дзы фæзындзæн цалдæр куысты бынаты дæр. Проект у перспективон.

Цы æрмæг аразынц, уыдонæн уыдзысты микробты æмæ ракы ныхмæ æууæлтæ. Æнцон амалгæнæн хомаг конд у, хуымæтæг, алы ран дæр парахатæй чи ис, ахæм æхсынæнты, нартхоры æмæ пырындзы цъæрттæй.

Ацы хъуыддаджы ахсджиаг у, зайæгойты биологон хомаг рацаразæн кæй ис, уый. Пайда кæнæн дзы ис бирæкъабæзты. Петракис Чаликиди куыста цы наукон центры разамонæджы дæлбар куыста, уый зæгъы, конкуры домæнтæ уыдысты тынг зын, уымæ гæсгæ æнтыстдзинадыл æххæстæй зæрдæ дарæн нæ уыди. мæ ныр йæ уæлахиз æмæ грант сты стыр фидæныл дзурæг. Уыимæ æрмæст Цæгат Ирыстоны наукон æхсæнадæн нæ. фæлæ Уæрæсейы дæр.

Фæрæзтæ иууылдæр хардзгонд цæудзысты иртæстыты лабораторийæн ног, сæрмагонд кусæнгæрзтæ балхæныныл, стæй кусджыты мыздыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania