филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:10 четверг, 28 марта 2024
12 ноября 2019, 12:22
Нæ редакцимæ йæ хъаст æрбахаста пенсиисæг инвæлид адæймаг

Афæдзы размæ йæ льготæтæй фæцух кодтой. Алы инстанцитæм йæ бон цæуын нæу

Лыггæнинаг фарстатæ царды бирæ ис. Зæгъæм, æрæджы нæ редакцимæ йæ хъаст æрбахаста пенсиисæг инвæлид адæймаг. Афæдзы размæ йæ льготæтæй фæцух кодтой. Алы инстанцитæм йæ бон цæуын нæу, уавæр равзарыныл бацархайдта Гуытьиаты Алинæ.

Заводы поселочы цæрæг Тедеты Дуся у дыккæгæм къорды инвалид. Фынддæс азæй фылдæр хъæрзы астмæ æмæ сæкæрнизæй. Закъонмæ гæсгæ йын æмбæлынц коммуналон льготæтæ, фæлæ сæ ныр афæдзæй фылдæр нæма райста. Сылгоймаг йæ хъаст бахаста республикæйы фæллойы æмæ социалон райрæзты министрадмæ. Уым ын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй Дуся цы хæдзары цæры, уый конд никæуыл у. Цæмæй æмбæлгæ льготæтæ райса, уый тыххæй йæ хъæуы рæстæгмæйы регистраци скæнын.

Ведомствойы бамбарын кодтой, Тедеты Дуся раздæр æнæ хъæугæ документтæй льготæтæ цæмæн иста, уый дæр.

Паддзахад цæттæ у Тедеты Дусяйæн, цы льготæтæ йын æмбæлы, уыдон радтынмæ. Фæлæ уый тыххæй пенсиисæджы бахъæудзæнис чысыл бацархайын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania