филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:52 пятница, 29 марта 2024
03 сентября 2019, 13:25
Нæ республикæйы кусы санитарон авиацийы вертолет

Мæймæ дзы спайда кодтой æртæ хатты

Нæ республикæйы кусы санитарон авиацийы вертолет. Мæймæ дзы спайда кодтой æртæ хатты. Уый, фæндаггон фыдбылызты хъыгдард чи баййæфта, уыцы пациентты районтæй æмæ зын бацæуæн бынæттæй бахæццæ кæны Дзæуджыхъæуы дзæбæхгæнæндæттæм. Дохтыртæ санавиацийæн скодтой стыр аргъ. Уымæн æмæ рынчыны раласæн ис куыд дæрддзæф Мæздæгæй, афтæ Дыгургомы къæдзæхтæй дæр. Вертолет сбадын кæнынæн бирæ фæзуат нæ хъæуы. Сæйрагдæр у пилоты дæсныдзинад. Ныртæккæ уал пациентты æрвитынц республикон рынчындæттæм, фæстæдæр та сæ ласдзысты æндæр регионтæм дæр. Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады Министрады фæнд кæнынц вертолетæн бадæн фæзтæ алы рынчындоны дæр бацæттæ кæнын. Санавиацийы куыстæн æвдисæн уыди не сфæлдыстадон къорд дæр. Гуытъиаты Алинæ бæлвырддæр.

Алцыдæр райдайы, куыд хуымæтæг рынчындоны, телефоны дзæнгæрæгæй. Æрмæст рынчынмæ машинæ нæ арвитынц.

Дохтыртæн сæ фылдæрæн ацы фæлтæрддзинад ног у. Бирæтæ фыццаг хатт тæхынц вертолетыл дæр. Сæ сæйрагдæр нысан у, æнæнхъæлæджы уавæры уæлдæфы куыд архайын хъæуы, уый.

Дохтырты къорды разамонæг Басонъуырты Артур фыццаг хатт нæ тæхы рынчынмæ вертолетыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у дæ тасыл фæуæлахиз уæвын.

Хъæугæ амынддзинæдтæ куы райстой æмæ вертолеты сæ бынæттæ куы бацахстоой, уæд ратахтысты рынчынмæ. Дыууын фондз минутмæ вертолет æрбахæццæ уыдзæнис Мæздæгмæ. Машинæйыл уыцы фæндаг бацахстаид æппынкъаддæр æртæ сахаты. Мæздæджы рынчыны бавæрдзысты сæрмагонд кабинæйы æмæ йæ аласдзысты Дзæджыхъæуы клиникæмæ.

Вертолет нæ дохтыртæ нымайынц хорз фæрæзыл рынчынты ирвæзынгæнæн хъуыддаджы. Йæ фæрцы рынчыны уыдзæнис республикæйы алы ранæй дæр фæхæццæ кæнын рынчындомæ. Цæмæй æфсæн цæргæсы æрбадын кæнай, уый тыххæй хъæуы гом тыгъдад æмæ тæхджыты дæсныдзинад.

Сахат дæр нæ рацыдис, афтæмæй тагъд æххуысы рынчындоны æрбадтис рынчынимæ вертолет. Фæндаггон фыдбылызы фæстæ нæлгоймаг райста уæззау цæфтæ. Дохтыртæ йæ хъуамæ дзæбæх кæнын райдайой æвæстиатæй. Районы рынчындоны йæ бакæндзысты специалистты бар. Фыдбылызты медицинæйы разамынды ныхæстæм гæсгæ, тагъд рæстæг рынчынты уыдзæнис ласæн æндæр регионтæм дæр.

Ныртæккæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад фæнд кæны республикæты районты рынчындонтæ бацæттæ кæнын вертолетæн æрбадæн бынæттæ. Тагъд рæстæг уым сараздзысты сæрмагонд æрбадæн фæзтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania