филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:30 пятница, 19 апреля 2024
24 декабря 2019, 17:05
Нæ республикæйы пульмонологон центр Цæгат Кавказы нымад у æппæтæй хуыздæрыл

Цæмæй Фыййагдоны дзæбæхгæнæн курс ацæуай, уый тыххæй адæмы фæхъæуы рады лæууын

Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, хæхты алæмæты уæлдæф рынчынтæн у æвдадзы хос. Нæ республикæйы пульмонологон центр Цæгат Кавказы нымад у æппæтæй хуыздæрыл. Цæмæй Фыййагдоны дзæбæхгæнæн курс ацæуай, уый тыххæй адæмы фæхъæуы рады лæууын.

Хъуырты рыстимæ æмæ хуыфæгимæ Татьяна Войтович фынддæс азы размæ дохтырмæ æххуысагур æрбацыд йæ райгуырæн Краснодары. Сæвæрдтой йын диагноз – астмæ. Йæхи сдзæбæх кæныны тыххæй Татьянæ æрзылди нæ бæстæйы алы рæттыл. Фæлæ йын ницы ххуыс кодта, æмæ йæ низ тынгдæр тыхсын кодта. Цæгат Ирыстоны хæхты ахæм пульмонологон центр кæй ис, уый тыххæй Татьянæ базыдта йæ зонгæтæй. Раздæр æй нæ бауырныдта, фæлæ фæстæдæр йæ цæрæн бынат раивта нæ республикæмæ. Дзæбæхгæнæн курсы фæстæ йæхи хуыздæр æнкъарын райдыдта.

Цæгат Кавказы æппæтæй арæхдæр цы низтæ æмбæлынц, уыдоны хсæн бронхæты низ ахсы æртыккаг бынат, зæрдæйы æмæ онкологон низты фæстæ. Центры уæгъд бынæттæ уæвгæ дæр нæ вæййы. Рынчынтæ йæм æрбацæуынц Уæрæсейы алы рæттæй. Дзæбæхгæнæн курс кæнын хъæуы афæдз дыууæ хатты. Цæцæны республикæйы районы газеты сæйраг редактор Саид Хаджалиев Фыййагдоны пульмонологон центрмæ фыццаг хатт æрбацыд 10 азы размæ. Уæдæй фæстæмæ сфæлдыстадон куыстæн хъарутæ ссары æрмæстдæр ам.

Фыййагдоны сæйрагдæр у – алæмæты уæлдæф. Уый фæрцы рынчынтæ низыл тагъддæр фæтых вæййынц.

Рæстæгимæ æмдзу кæнынæн, æмæ сæ куысты æппæтæй нырыккондæр технологитæй пайда кæнынæн, центры дохтыртæн æххуыс кæны æппæтадæмон конгрессты архайд. Клиникæйы специалисттæ хаст æрцыдысты Уæрæсейы æмæ Европæйаг пульмонологты æхсæнадмæ. Фыййагдоны ис алцыдæр – дохтырты фæлтæрддзинад æмæ хорз климат. Фарстайаг у æрмæстдæр – æмбæлгæ уавæртæ дзы кæй нæй, уый. Фæндзай азмæ ам цалцæггæнæн куыстытæ иу хатт дæр нæ цыдысты, нæ фаг кæнынц медикаменттæ. Зындзинæдтæ сæвзæрынц коммуналон лæггæдтæн фидгæйæ дæр. Уымæй дарддæр сæдæ дыууын бынатæй баззад нæуæдз. Рынчынты хъæуы рады фæлæууын. Абон центры фарстатæм се ргом аздæхтой республикæйы Хицауады.

Кæд пульмонологон центр зындзинæдтæ æййафы, уæддæр йæ куыст не рлæууыд. Ныртæккæ куыст цæуы модернизацийыл, фæлæ специалисттæ уæддæр агурынц мадзæлттæ, рынчынтæн æмбæлгæ æххуыс бакæныны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania