филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:45 четверг, 25 апреля 2024
24 октября 2012, 09:01
Национ ахастдзинæдты фарстаты министр Фрайты Сосланæн ацыд пресс-конференци

Терроризмæн наци нæй. Ахæм хъуыдыйæ райдыдта йæ раныхас национ ахастдзинæдты фарстаты министр Фрайты Сослан. Абон ын Хицауады хæдзары ацыд пресс-конференци.

Терроризмæн наци нæй. Ахæм хъуыдыйæ райдыдта йæ раныхас национ ахастдзинæдты фарстаты министр Фрайты Сослан. Абон ын Хицауады хæдзары ацыд пресс-конференци.

Раздæр уал министр тæфæрфæс ракодта,
контролон пункты срæмыгъды чи фæмард, уыцы пъæлицæйаджы бинонтæн.
Джыбылаты Зауыры зыдта лæгæй-лæгмæ. Журналисттæ Фрайты Сосланмæ
лæвæрдтой алыхуызон фæрстытæ. Фыццаджыдæр сæ тыхсын кодта, куыд фæбæрæг
уыдзæн зноны фыдракæнд Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъæлы республикæйы ‘хсæн
ахастдзинæдтыл. Министр загъта, ныртæккæ тынг ахсджиаг кæй у, къахæн
миты фæдыл ма ацæуын. Уæлдайдæр та мæхъæлон-ирон быцæуы 20 азы боны
размæ. Æппæт хъарутæй хъæуы архайын сабырдзинад бахъахъхъæныныл.

Цæгат Ирыстоны ныртæккæ цæры нæуæдз
фондз мин адæмы хатты. Æртын культурон центры баиу кодта æхсæнадон змæлд
«Нæ Ирыстон». Æндæр ахæм Цæгат Кавказы республикæты нæй. Нациты
ахастдзинæдты министрады сæйрагдæр хæс у – алы адæмы хаттыты æмæ дины
бастдзинæдтæ хуыздæр æмæ фидардæр кæнын. Ангомдæр кусын, Уæрæсейы алы
регионты æмæ фæсарæнты цы ирон диаспорæтæ ис, уыдонимæ. Фрайты Сослан ма
загъта нæ республикæ цæттæ кæй у, Сирийы чи цæры, ахæм 62 ирон
адæймаджы æрбахонынмæ. Уымæй дарддæр Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы
хæлардзинады Хæдзæрттæ æрцæудзысты цалцæггонд. Ныхас ма цыд æндæр
ахсджиаг фарстатыл дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania