филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:09 четверг, 25 апреля 2024
10 декабря 2019, 12:15
Национ парк «Алани»-йы байгом экологон къахвæндаг æхсæрдзæн Байрадимæ

Проекты фыццаг хай кæронмæ æрхæццæ «РусГидро»-йы æххуысы фæрцы

Национ парк «Алани»-йы байгом экологон къахвæндаг æхсæрдзæн Байрадимæ. Проекты фыццаг хай кæронмæ æрхæццæ «РусГидро»-йы æххуысы фæрцы. Æхсæрдзæн у национ парчы рæсугъддæр бынæттæй иу. Кæлы 20 метры бæрзæндæй. Проекты сæйраг нысан у – æрдзон бынæттæм зæрдæмæдзæугæ туристон маршруттæ саразын. Национ парк «Алани»-йы ацы проект фыццаг нæу, «РусГидро» кæй æххæст кæны, ахæм. 2012-æм азæй фæстæмæ компани æмгуыстад кæны æрдзон фæдзæхст бынæттимæ. Моргуаты Ладæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Цас хохмæ бæрзонддæр, уыйас адæм фылдæр. Æхсæрдзæнмæ фыццаг ссыдысты, ацы фæндаг кæй фæллойæ арæзт æрцыд, уыдон – Национ парк Алани æмæ Русгидройы кусджытæ. Уыдон радих кодтой фæрæзтæ экологон къахвæндаг саразынæн. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фæллойы хай бахастой бархион экологтæ дæр.

Ахæм экологон къахвæндæгтæ сты рагæй. Фæлæ сæм куыд æмбæлы афтæ ныр райдыдтой зилын. Цæмæй туристтæ æнцонтæй схизой æмæ банкъарой Ирыстоны алæмæты рæсугъддзинад.

Национ парк «Алани»-йы ацы аз байгом кодтой 3 экологон къахвæндаджы. Фыццаг дыууæ цæуынц æхсæрдзæнтæ Галауз æмæ Галдурыдон. Уалдзæджы та кусын райдайдзысты туристон маршруттæ фылдæр кæныныл.

Национ парчы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæрды ссæуынæн хæцæнтæ саразын æмæ фæндагыл баулæфынæн бандæттæ сывæрын, уый фаг нæу, цæмæй экологон къахвæндаг нырыккон домæнтæн дзуапп дæтта. Фæсарæнты фылдæр фадæттæ арæзт цæуы, суанг ма дзы интернетæй пайда кæнæн дæр ис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania