филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:04 среда, 24 апреля 2024
18 ноября 2020, 13:36
Нацпроект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты æнцонвадат» архайдыл ныхас цыд хицауады сæрмагонд æмбырды

Арæзтады æмæ архитектурæйы министр Тотыккаты Артур фехъусын кодта, ацы аз 206 мин квадратон метры эксплутацийы кæй ратдзысты, уый тыххæй

Национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты æнцонвадат» царды куыд æххæстгонд цæуы, ууыл ныхас цыд, республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразы разамындæй арæзт видеоконференцийы. Арæзтады æмæ архитектурæйы министр Тотыккаты Артур фехъусын кодта, ацы аз 206 мин квадратон метры эксплутацийы кæй ратдзысты, уый тыххæй. Уыдонæй 56 мины квадраты сты хи арæзтад. 2020-æм азы кæронмæ ма ратдзысты 92 мин квадратон метры.
Æмбырды ма ныхас цыд горæты æнцонвадаты арæзтадыл. Ацы регионалон программæйы фæрцы снывыл кæндзысты 150 æхсæнадон æмæ 632 кæрты. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд зæгъы, афтæмæй дзы бакуыстой нысангондæй фылдæр. Афтæ ацы аз 32 æхсæнадон объектты бæсты саив кодтой 37. Кæртытæй та 124 бæсты – 152.
Тускъаты Таймураз фæсидт, цæмæй ацы куыстытæ канд бюджетон фæрæзтæй арæзт ма цæуой, фæлæ агурой спонсорты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania