филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:39 четверг, 25 апреля 2024
11 октября 2019, 15:30
Наукæ, ахуырад, культурæ, сфæлдыстад… Æппæт ацы къабæзтæ йæ зæрдæйæн хæстæг сты нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар Баситы Зæлинæйæн

Ныртæккæ кусы нæ республикæйы культурæйы министрады пресс-секретарæй.

Наукæ, ахуырад, культурæ, сфæлдыстад… Æппæт ацы къабæзтæ йæ зæрдæйæн хæстæг сты нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар Баситы Зæлинæйæн. Ныртæккæ кусы нæ республикæйы культурæйы министрады пресс-секретарæй. Уыимæ ма хæрзæрыгонæй бауарзта поэзи дæр. Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Дыууæ зæрдæйы» мыхуыры рацыд 2010-æм азы. Уæд ын литературæ уарзджытæ скодтой стыр аргъ. Ууыл Зæлинæ не рлæууыд, йе нтыстдзинæдтыл æфтауы. Афтæ æрæджы Хуссар Ирыстоны хорзæхгонд æрцыд Джусойты Нафийы номыл национ премийæ.

Баситы Зæлинæ кæд æрыгон фыссæгыл нымад у, уæддæр йæ поэтикон æрмдзæф ныридæгæн дæр бæрæг дары. Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Дыууæ зæрдæйы» мыхуыры рацыд 2010-æм азы. Уæд ын литературæ уарзджытæ скодтой стыр аргъ. Æмæ Зæлинæ хорзæхгонд æрцыд Хъамбердиаты Мысосты номыл премийæ. Ууыл рацыд 9 азы, æмæ та радон æнтыстдзинæд.

Куыд ма уын хъуысн кодтам, афтæмæй ацы бонты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кадджын уавæры лæвæрд цыди Джусойты Нафийы номыл национ литературон преми. Архайдтой дзы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, республикæйы разамынд æмæ преми снысангæнджытæ. Хæрзиуджыты аккаг систы Уæрæсейы фысджыты литературон æхсæнады цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Дыгъуызты Тенгиз, Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнг Годжысаты Нелли, æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады пресс-секретарь, поэт Баситы Зæлинæ. Уæвгæ, преми лæвæрд цæуы 4-æм хатт. Йæ сæйраг нысан у ирон литературæйы ног нæмттæ раргом кæнын.

Баситы Зæлинæйæн Джусойты Нафийы номыл литературон преми радтой йæ ног поэтикон æмбырдгонд «Сæнайы хох»-ы тыххæй. Ахæм аргъ ын кæй скодтой, уый йын йæ тыхыл тых бафтыдта, æмæ ныр фæнд кæны Фирдоусийы «Шахнамэ» таджикаг æвзагæй ратæлмац кæнын. Хæстæгдæр азты кусдзæн персайнаг æвзагимæ.

Баситы Зæлинæйы стырдæр бæллиц у ирон литературæмæ зынгæ æвæрæн бахæссын, æмæ йæ сæххæст кæнынмæ уæндон æмæ ахадгæ къахдзæфтæ кæны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania