филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 вторник, 23 апреля 2024
25 ноября 2019, 12:42
Никита Кульшин сси дунеон ерысты уæлахидзау æмхæццæ хъæбысхæстæй

Не мзæххон спортмены турнирмæ бацæттæ кодтой йæ тренертæ Тыбылты Георгий, Тыбылты Ибрагим æмæ Илаты Марат

Хæстæгскæсæйнаг бæстæ Бахрейны 11-æмæй – 16-æм ноябры онг цыди чемпионат æмæ дунеон ерыстæ æмхæццæ хъæбысхæстæй. Финалы, 70 килограммы уæзы йæ тыхтæ бафæлвæрдта цæгатирыстойнаг спортсмен Никита Кульшин. Уый тæрхонгæнджыты æмхъæлæсæй уынаффæйæ рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы Польшæйæ. Не мзæххон спортмены турнирмæ бацæттæ кодтой йæ тренертæ Тыбылты Георгий, Тыбылты Ибрагим æмæ Илаты Марат. Никитæимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Йе хсызгон уæлахизы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Ацы видеоæрмæг ист у Никитæйæн Инстаграмæй. Ахæм уæлахизмæ йæ æрбакодтой йе рвылбоны тренировкæтæ æмæ йæ нысан. Турнир арæзт уыд къуырийы размæ Хуссар-Ныгулæн Азийы бæстæтæй иу Бахрейны, фæлæ Никитæ ныртæккæ ногæй тренировкæтæ кæны Дзæуджыхъæуы залы. Æмхæццæ хъæбысхæсты дунеон чемпион йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ цины æнкъарæнтæ æрмынæг сты, хъæуы дарддæры спортивон æнтыстдзинæдтыл кусын.

Ацы залы паддзахиуад кæны уæлахизмæ тырнындзинад, стæй ма хиуыл кусыны нысан, зæгъы Никита Кульшин. Уый тыххæй та алы тренировкæйы фæстæ хъæуы ноджыдæр хиуыл кусын. Алчи дæр йæхимæ гæсгæ.

Никитæйыл цæуы æрмæстдæр 19 азы, фæлæ канд дунейон ерысты сызгъæрин майданы хицау нæу, ис ма йæм бирæ хæрзиуджытæ. Фæлтæрджын спортсмен райдыдта чысыл залæй, ныр та тренировкæтæ кæны нæ республикæйы æмæ зæгъæн ис нæ бæстæйы  хуыздæр залтæй иуы. Клубы йæм æнхъæлмæ кастысты, цæмæй йын зæрдиагæй раарфæ кæной.

Æмхæццæ хъæбысхæсты Федерацийы Сæрдар, стæй Никитæйы тренер Тыбылты Ибрагим куыд зæгъы, афтæмæй Никитæ куыд дæр æрбацыды ацы спорты хуызмæ, афтæ бæрæг уыд фидæны стыр æнтыстдзинæдтæ йæ къуыхы кæй бафтдзæн.

Цавæр æнтысдзинад уыдзæн дарддæр, уый тыххæй Никитæ ницы ма зæгъы. Æрмæст æууæнды æрвылбоны тренировкæтæ куы кæна, уæд ма барухс кæндзæн нæ бæстæйы æмæ кæй зæгъынæй хъæуы цæгатирыстойнаг спортуарзджыты зæрдæтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania