филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:15 пятница, 29 марта 2024
29 декабря 2020, 12:22
Ног азы аргъау бацæттæ кодтой ирыстойнаг æвзонг фигуристтæ

Бæрæгбоны архайджытæ фембæлдысты зымæгон аргъауы уарзон хъайтартимæ

Ног азы аргъау бацæттæ кодтой ирыстойнаг æвзонг фигуристтæ. Ахæм мадзал сын сси традицион. Фæлæ сæ фылдæрæн спортивон бæрæгбон уыди фыццаг хатт. Саив æй кодтой рæсугъд музыкæйæ æмæ ныхæстæй. Бæрæгбоны архайджытæ фембæлдысты зымæгон аргъауы уарзон хъайтартимæ.

4-аздзыд Платы Евæ ихын фæзмæ рацыд хæрзæрæджы. Ныр ма уал ам кæны йæ фыццаг къахдзæфтæ. Фæлæ ныридæгæн дæр сси Ног азы бæрæгбоны архайæг. Сценаримæ гæсгæ йын ис хицæн программæ. Гыццыл чызг ныфсджынæй æххæст кæны æппæт элементтæ. Æмæ йыл се ппæт дæр сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ. Евæ ахæм арфæтыл ахуыр у. Йæ бæллиц у олимпаг чемпионкæ суæвын.

Ам нæй жюри дæр æмæ бæрæггæнæнтæ дæр. Кæд æмæ сыл æвзонг спортсментæ ахуыр сты, уæддæр. Сæ фылдæрæн ацы спортивон бæрæгбон сси фыццаг. Саив æй кодтой рæсугъд музыкæйæ æмæ диалогтæй. Æмæ дзы рауад ихын шоу зымæгон аргъауы уарзон хъайтартимæ: Митын Дада, тæрхъус æмæ бирæгъ «Ну, погоди!»-йæ, стæй алæмæты бæстæйæ Алисæимæ.

Сфæлдыстадон бæрæгбоны æвзонг фигуристтæ равдыстой алцыдæр, цæуыл сахуыр сты, уымæй. Уæвгæ та ног азы бæрæгбоныл цин кодтой куыд сывæллæттæ, афтæ сæ ныййарджытæ, бабатæ æмæ нанатæ дæр.

Зымæгон аргъау æрыгон фигуристтæн у традицион бæрæгбон Ног азы агъоммæ. Уæдæ ацы сезон дæр афтæ. Ирд æмæ рæсугъд бæрæгбонæй фæци ацы аз, къахдзоныгътыл аив бырынæй цæгатирыстойнаг скъолайы спортсментæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania