филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:35 четверг, 25 апреля 2024
05 декабря 2019, 12:55
Ног азы бæрæгбæтты агъоммæ Цæгат Ирыстоны хъæды хæдзарады кусджытæ архайын райдыдтой карз фæткмæ гæсгæ

Суткæйы дæргъы рад хæсдзысты Дзæуджыхъæуы, Алагиры, Æрæфы, Кировы æмæ Мæздæджы районты хъæды хæдзарæдты минæвæрттæ

Ног азы бæрæгбæтты агъоммæ Цæгат Ирыстоны хъæды хæдзарады кусджытæ архайын райдыдтой карз фæткмæ гæсгæ. Суткæйы дæргъы рад хæсдзысты Дзæуджыхъæуы, Алагиры, Æрæфы, Кировы æмæ  Мæздæджы районты хъæды хæдзарæдты минæвæрттæ. Сæ сæйраг хæс у – æнæзакъонæй заз æмæ нæзы бæлæстæ калын ма бауадзын. Бæлæстæ кæм зайы, уыцы бынæттæй машинæтæн  бацæуæнтæ кæм ис, уым æвæрд æрцыдысты сæрмагонд постытæ. Каст цæуы, фæндаджы иуварс цы машинæтæ лæууы, уыдонмæ дæр. Заз бæлæстæ чи ласа, уыдонмæ хъуамæ уа сæрмагонд гæххæттæ. Инспектортæ ма радон хатт зæрдыл лæууын кæнынц, бæлæстæ калæн кæй нæй æнæ бардæдтæг гæххæттытæй. Закъонхалджытæм та æнхъæлмæ кæсы уголовон хъуыддаг. Уыимæ  ма сæ фæивар кæндзысты цыппар мин сомæй 200 мины онг. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania