филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:33 четверг, 28 марта 2024
19 декабря 2019, 18:34
Ног рæвдауæндон байгом абон Æрыдоны районы Мичуриныхъæуы

Скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндон фæзынд, нысанмæ арæзт федералон программæ æххæст кæнгæйæ.

Ног рæвдауæндон байгом абон Æрыдоны районы Мичуриныхъæуы. Ис дзы 120 бынаты. Скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндон фæзынд, нысанмæ арæзт федералон программæ æххæст кæнгæйæ. Ныр сабитæн ис æппæт фадæттæ æмæ уавæртæ раст æмæ хорз хъомылад исынæн. Райдзаст æмæ аив уæттæ, хъазæн фæз, музыкæйы кабинет. уæдæ ахуыргæнæндон æххæст у хъомылгæнджытæй дæр. Рæзгæ фæлтæримæ кусдзысты фæлтæрдджын педагогтæ, логопед æмæ ма психолог дæр. Рæвдауæндон байгом кæныны кадджын мадзал бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Кæстæртимæ иумæ алыг кодта сырх лент æмæ сын ракодта зæрдиаг арфæтæ. Абоны онг сывæллæтты рæвдауæндæттæ активонæй арæзт цæуынц республикæйы æппæт районты. Æрмæст ацы аз байгом кодтой 10 объектæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania